Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 3:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау рарвыста Адамы Едемы дыргъдонӕй, цы зӕххӕй ист ӕрцыди, ууыл кусынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

23 Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау рарвыста Адамы Едемы дыргъдонӕй, цы зӕххӕй ист ӕрцыди, ууыл кусынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 3:23
10 Iomraidhean Croise  

уӕд зӕххыл нӕма уыди нӕдӕр къудзи, нӕдӕр зайӕгхал, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕхмӕ доны ’ртах нӕма ӕруагъта, зӕххыл кусынмӕ адӕймаг дӕр нӕма уыд,


Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг.


Дунедарӕг Хуыцау скӕсӕны, Едемы, скодта дыргъдон ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта Йе сфӕлдыст адӕймаджы, Адамы.


Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».


Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Ныр адӕймаг сси Мах хуызӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы сты, уый зоны. Ӕмӕ ныр царды бӕласмӕ дӕр куы фӕныхила, йӕ дыргъӕй йын куы бахӕра ӕмӕ ӕнусмӕ куы цӕра».


Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.


Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы бӕркадджын тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард».


Евӕйӕн ма фӕстӕдӕр райгуырд иу лӕппу — Авел, Каины ӕфсымӕр. Авел хызта фысвос, Каин та кодта зӕххы куыст.


Ной ныллӕууыди зӕххы куыстыл. Фыццаг сӕндон уый сарӕзта.


Ӕхца чи уарзы, уымӕн фаг никуы уыдзысты, хъӕздыгдзинадмӕ чи бӕллы, уымӕн йӕ зыд зӕрдӕ нӕ бафсӕддзӕн. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan