Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 3:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Адам йӕ усӕн радта ном Евӕ, уымӕн ӕмӕ уый сси ӕппӕт цӕрджыты рагмад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Адам йӕ усӕн радта ном Евӕ, уымӕн ӕмӕ уый сси ӕппӕт цӕрджыты рагмад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 3:20
14 Iomraidhean Croise  

Ноджыдӕр ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Гъеныр ды ӕнхъӕлцау дӕ, гъеныр лӕппу ныййардзынӕ. Сӕвӕр-иу ыл Измаел — Дунедарӕг фехъуыста, фехъуыста дӕ дзыназын.


Адам радта нӕмттӕ алы фос, алы уӕларвон маргъ ӕмӕ алы зӕххон цӕрӕгойӕн. Фӕлӕ уыдоны ’хсӕн адӕймагӕн аккаг ӕххуысгӕнӕг нӕ разынд.


Нӕлгоймаг загъта: «Мӕнӕ гъе, ай у мӕ туг, ме стӕгӕй; уый хуындзӕни сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ нӕлгоймагӕй ист у».


Дунедарӕг Хуыцау Адам ӕмӕ йӕ усӕн скодта цӕрмын дарӕстӕ.


Фӕлӕ Рахел мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ, йӕ уд исгӕйӕ, йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бен-Они; йӕ фыд та йӕ схуыдта Бениамин.


ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Ной. Афтӕ загъта: «Уый мах барӕвдаудзӕни нӕ удхайраг куысты, Дунедарӕг кӕй ралгъыста, уыцы зӕххы бӕркадӕй».


Куы байрӕзт, уӕд ӕй бакодта фараоны чызгмӕ, ӕмӕ дзы уый йӕхицӕн лӕппу загъта, ном та йыл сӕвӕрдта Моисей. «Донӕй йӕ кӕй систон, уымӕ гӕсгӕ», — загъта чызг.


Ныййардзӕни дын Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».


«Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ ныййардзӕн Фырт, схондзысты Йӕ Эммануил», ома «Хуыцау немӕ ис».


Иу адӕймагӕй равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл ӕрцӕрой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ арӕнтӕ цӕрынӕн.


Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд зыгъуыммӕгонд куы ’рцӕуа, ӕмӕ Чырыстийы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй куы адард уа.


Уымӕн ӕмӕ раздӕр Адамы сфӕлдыстӕуыд, уый фӕстӕ та — Евӕйы.


ӕмӕ Аннӕ банхъӕлцау ис. Йӕ арыны афон куы ӕрцыд, уӕд ын райгуырди лӕппу, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Самуел, уымӕн ӕмӕ дам ӕй Дунедарӕгӕй ракуырдтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan