Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 3:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Де ’нхъӕлцауы бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ, тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ. Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

16 Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Де ’нхъӕлцауы бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ, тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ. Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 3:16
30 Iomraidhean Croise  

Кӕд раст кӕныс, уӕд дӕ сӕрыл уӕлӕмӕ цӕуылнӕ схӕцыс? Кӕд нӕ, уӕд та дӕм тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз».


Иавец йе ’фсымӕртӕй кадджындӕр уыд. Иавец ном ыл йӕ мад сӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ, дам ӕй удхаргӕнгӕ ныййардтон.


Паддзахы уынаффӕ куы айхъуыса йе стыр паддзахады алы кӕрӕттӕм, уӕд сылгоймӕгтӕй алчи йӕ сӕрыхицаумӕ, уӕздӕттӕй уа ӕви хуымӕтӕг адӕмӕй, хъусдзӕн».


Бӕллӕхы бон ма ӕз цӕмӕй хъуамӕ фӕтӕрсон, мӕнгарддзинад ӕмӕ фыддзинад мыл куы ’рхъула кодтой, уӕд?


Стыр тас сыл бахӕцдзӕн, се уӕнгтӕ срисдзысты, сӕ буар ӕлхынцъытӕ кӕндзӕни, сау тухӕн ӕвзардзысты ӕвгъӕддон сылгоймагау. Стыр дисы бафтгӕйӕ, кӕрӕдзимӕ кӕсдзысты, арт уадздзысты сӕ цӕсгӕмттӕ.


Мӕ хуылф ӕгасӕй дӕр риссы, саутухӕны бафтыдтӕн арӕг сылгоймагау. Цы хъусын, уымӕй арвы цӕфау фӕдӕн, цы уынын, уымӕй стыр катайы бацыдтӕн.


Бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзаргӕйӕ, фендзӕни рухс ӕмӕ сцин кӕндзӕн. Дунедарӕг Дзы зӕгъы: «Мӕ тӕрхоны фӕрцы Уый, Рӕстгӕнӕг, Мӕ цагъар, бирӕты сраст кӕндзӕн, сӕккой сын кӕндзӕни сӕ азым.


Цы зӕгъдзынӕ, дӕхицӕн хицауиуӕг кӕнын кӕй сахуыр кодтай, уыдон дӕм куы фӕзыной, уӕд? Арӕг усау хъизӕмар кӕндзынӕ,


О Ливаны цӕрӕг, нӕзы бӕлӕстыл ахстӕттӕ чи скодта, уый! Дӕ хъизӕмӕртты заман арӕг усау ныхъхъӕрздзынӕ!


Ӕз хъусын хъӕр — Сионы чызг арӕг сылгоймагау хъӕрзы; фыццаг хатт чи ары, уыйау йӕ къухтӕ ивазы: «О, додойаг фӕдӕн! Лӕгмарты раз ӕдых дӕн!»


Йӕ хъару фесӕфти Дамаскӕн, лидзӕг фӕцис ӕмӕ йыл тас бахӕцыд; фыр рыстӕй арӕг усау хъӕрзы.


Сӕ кой сын фехъуыстам ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруагътам, арӕг устытау фыр рыстӕй хъизӕмар кӕнӕм.


Фӕлӕ йын сӕ йӕ сӕрыхицау куы базона ӕмӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд йӕ ардбахӕрд ӕмӕ йӕ тобӕтӕ ӕцӕг нӕ уыдзысты: йӕ сӕрыхицау сӕ фӕмӕнг кодта, ӕмӕ йын Дунедарӕг ныххатыр кӕндзӕн.


Аргӕ-арын сылгоймаг хъизӕмар фӕкӕны, фӕлӕ, куы ныййары, уӕд дзы фыр цинӕй йӕ удхар ферох вӕййы, уымӕн ӕмӕ дунемӕ адӕймаг фӕзынд.


Ноджы ма мӕ фӕнды, цӕмӕй сымах зонат: алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау Чырысти у, сылгоймаджы хицау нӕлгоймаг у, Чырыстийы хицау та Хуыцау у.


Сылгоймӕгтӕ аргъуаны сӕ дзых ма гом кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ сын дзурын не ’мбӕлы, фӕлӕ сӕ бынат зонӕнт, — афтӕ зӕгъы Ӕгъдау дӕр.


Усы буарыл йӕхи бар нӕ, фӕлӕ йӕ мойы бар цӕуы. Афтӕ мойӕн дӕр йӕ буарыл йӕхи бар нӕ, фӕлӕ йӕ усы бар цӕуы.


Устытӕ, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс.


Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.


Уымӕн ӕмӕ раздӕр Адамы сфӕлдыстӕуыд, уый фӕстӕ та — Евӕйы.


Фӕлӕ сылгоймаг дӕр фервӕздзӕн, цот уадзгӕйӕ, уырнындзинад ӕмӕ уарзтимӕ куы цӕра, сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, уӕд.


уой хӕдӕфсарм, ӕнӕкъӕм, мӕт кӕной сӕ бинонтыл, уой зӕрдӕхӕлар, сӕ лӕгтӕн коммӕгӕс. Уӕд Хуыцауы ныхас рафауынӕн ӕфсон нӕ уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan