Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 3:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Дунедарӕг Хуыцау сылгоймаджы бафарста: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг загъта: «Калм мӕ фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ дзы уымӕн бахордтон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

13 Дунедарӕг Хуыцау сылгоймаджы бафарста: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг загъта: «Калм мӕ фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ дзы уымӕн бахордтон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 3:13
15 Iomraidhean Croise  

Уӕд фараон басидт Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый цӕмӕн басусӕг кодтай?


Йосеф сӕ бафарста: «Уый цы бакуыстат? Ӕви, мӕ хуызӕн адӕймагӕй бамбӕхсӕн ницы ис, уый нӕ зыдтат?»


Йоав паддзахмӕ бацыди ӕмӕ йын загъта: «Уый цы бакодтай? Авнер дӕм йӕхи къахӕй куы ӕрбацыди, уӕд ма йӕ цӕмӕн ауагътай?


Зӕронд лӕг та йын загъта: «Ӕз дӕр пехуымпар дӕн дӕуау. Дунедарӕджы дзырдӕй мын зӕд бафӕдзӕхста, дӕ хӕдзармӕ йӕ бахон ӕмӕ къӕбӕр дӕр бахӕрӕд ӕмӕ дон дӕр бануазӕд, зӕгъгӕ». Асайдта йӕ,


Ӕвгъӕды бадӕг сылгоймаг чызг куы ныййара, уӕд дыууӕ къуырийы дӕргъы уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылмӕйон низӕй куы фӕтыхсы, уӕд куыд вӕййы, афтӕ. Уый фӕстӕ ма ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йӕ тугӕй не ссыгъдӕг уыдзӕн.


Ӕмӕ адӕмы стыр тас бацыд, Дунедарӕгӕй лидзынвӕнд кӕй скодта, уый сын куы радзырдта, уӕд, ӕмӕ йын загътой: «Уый цы ми бакодтай?!»


Пилат загъта: «Ӕмӕ ӕз иудейаг дӕн? Дӕу Мӕ къухмӕ Дӕ адӕм ӕмӕ алчертӕ радтой. Уагӕры цы ракодтай?»


Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн фӕзынди фадат фӕдзӕхстӕй спайда кӕнынӕн ӕмӕ мӕ амарынӕн.


Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд зыгъуыммӕгонд куы ’рцӕуа, ӕмӕ Чырыстийы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй куы адард уа.


Сайд дӕр Адамыл не ’рцыд — сылгоймагыл ӕрцыд сайд, ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын.


Фӕлӕ йӕ Самуел афарста: «Уый цы бакодтай?» Саул ын дзуапп радта: «Ӕз уыдтон, адӕм лидзын райдыдтой, ды ӕмгъуыды бонмӕ не ’рбацыдтӕ, филистимӕгтӕ та ныридӕгӕн Михмасы ӕрӕмбырд сты,


Саул ын дзуапп радта: «Амалекӕгтӕй сӕ ӕрбатардтой адӕм. Фыстӕ ӕмӕ стуртӕн сӕ хуыздӕртыл бацауӕрстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕрхӕссой нывондӕн. Иннӕты се ’ппӕты дӕр ныццагътам».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan