Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 3:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Хуыцау кӕй рафӕлдыста, уыцы зӕххон цӕрӕгойты ’хсӕн калмӕй хиндӕр ӕмӕ кӕлӕндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ уый сылгоймаджы бафарста: «Ӕцӕг уын загъта Хуыцау, дыргъдоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдонӕй макӕцыйы дыргътӕй фӕхъӕстӕ ут, зӕгъгӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Дунедарӕг Хуыцау кӕй рафӕлдыста, уыцы зӕххон цӕрӕгойты ’хсӕн калмӕй хиндӕр ӕмӕ кӕлӕндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ уый сылгоймаджы бафарста: «Ӕцӕг уын загъта Хуыцау, дыргъдоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдонӕй макӕцыйы дыргътӕй фӕхъӕстӕ ут, зӕгъгӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 3:1
14 Iomraidhean Croise  

Иу дзы куы ахауа, уӕд ӕй иннӕ сыстын кӕндзӕн. Фӕлӕ иунӕг куы фӕкӕла, уӕд ма йыл чи схӕцдзӕнис?


Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.


Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Уӕд Ӕм хӕйрӕг ӕрбацыд ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ».


ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи ардыгӕй фехс дӕлӕмӕ. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу бахъахъхъӕнын — сӕ къухтыл Дӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ“».


Загъта Йын: «Дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд адон иууылдӕр Дӕу уыдзысты».


Уым диссагӕй ницы ис: сайтан дӕр йӕхи равдисы рухсы зӕдӕй.


Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд зыгъуыммӕгонд куы ’рцӕуа, ӕмӕ Чырыстийы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй куы адард уа.


Сымах дӕр, лӕгтӕ, цӕрут уӕ устытимӕ, уыдон лӕмӕгъдӕр кӕй сты, уый ӕмбаргӕйӕ. Нымайут сӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уемӕ райсдзысты Хуыцауы хорзӕх — мыггагмӕйы цард. Уӕд уӕ куывд нӕ фӕкъуылымпы уыдзӕн.


Сылгоймаджы фӕдыл калм йӕ комӕй рауагъта цӕугӕдон, куыд ӕй аласа, афтӕ.


Ӕмӕ стыр залым, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан кӕй хонынц, ӕппӕт дуне чи фӕливы, уыцы рагон калм, ӕппӕрст ӕрцыд йӕ бынатӕй. Йемӕ йын зӕхмӕ раппӕрстӕуыд йӕ зӕдты дӕр.


Уый ӕрцахста, хӕйрӕг ӕмӕ сайтан чи у, уыцы рагон залиаг калмы, сбаста йӕ мин азы ӕмгъуыдмӕ


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan