Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 29:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Банхъӕлцау та ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Дунедарӕг федта, мӕ мойӕн ӕнад кӕй дӕн, уый ӕмӕ ма мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Сӕвӕрдта йыл ном Симеон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

33 Банхъӕлцау та ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Дунедарӕг федта, мӕ мойӕн ӕнад кӕй дӕн, уый ӕмӕ ма мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Сӕвӕрдта йыл ном Симеон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 29:33
12 Iomraidhean Croise  

Загъта: «Мӕ унӕуты мӕ мойӕн кӕй радтон, уый сӕрмӕ мын Хуыцау саккаг кодта хӕрзиуӕг». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Иссахар.


Загъта: «Диссаджы лӕвар мын ракодта Хуыцау. Ныр мӕ уарздзӕни мӕ мой, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Зевулон.


Рахел загъта: «Хуыцау мӕ сраст кодта — фехъуыста мын мӕ лӕгъстӕ ӕмӕ мын лӕппу радта». Уымӕ гӕсгӕ йыл Рахел сӕвӕрдта ном Дан.


Рахел загъта: «Хуыцауы ӕххуысӕй стох кодтон мӕ хоимӕ ӕмӕ йыл фӕтых дӕн». Ӕмӕ сабийыл сӕвӕрдта ном Неффалим.


Ӕртыккаг бон, сунӕтгӕндтӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ нӕма байгас сты, афтӕ Йаковы дыууӕ фырты Симеон ӕмӕ Левий, Динӕйы ӕфсымӕртӕ, райстой фӕйнӕ карды, ӕнӕкъуылымпыйӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ ныццагътой нӕлгоймӕгты иууылдӕр.


Йаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!»


Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон.


Иуварс рацыд Йосеф ӕмӕ ныккуыдта. Фӕстӕмӕ сӕм куы баздӕхт ӕмӕ та семӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд Симеоны иннӕтӕй фӕхицӕн кодта ӕмӕ йӕ сӕ цуры сбӕттын кодта.


Бениамины хӕдзарвӕндаджы ӕмарӕн, скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ, ис Симеоны хӕдзарвӕндаджы хай — иу хай.


Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — Самуел, Аммиуды фырт.


Дыууӕ усы кӕмӕн уа, сӕ иу — уарзон, иннӕ та — нӕ, уымӕн сӕ дыууӕ дӕр лӕппутӕ ныййардтой, ӕмӕ, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу хистӕр зӕнӕг у, зӕгъгӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan