Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 29:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Афтӕмӕй Йаков ӕмуат ӕрцыди Рахелимӕ дӕр ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта Леайӕ. Лаванмӕ ма бакуыста ноджыдӕр авд азы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

30 Афтӕмӕй Йаков ӕмуат ӕрцыди Рахелимӕ дӕр ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта Леайӕ. Лаванмӕ ма бакуыста ноджыдӕр авд азы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 29:30
17 Iomraidhean Croise  

Леайы зӕрдӕмӕдзӕугӕ ничи рахуыдтаид, Рахелмӕ та фыр рӕсугъдӕй бакӕсӕнтӕ нӕ уыд.


Йаков бауарзта Рахелы ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Дӕ кӕстӕр чызг Рахелы тыххӕй дын бакусдзынӕн авд азы».


Йаков Рахелы тыххӕй бакуыста авд азы, ӕмӕ йӕм фӕкастысты цалдӕр боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Рахелы уарзгӕ кодта.


Лаван йӕ чызг Рахелӕн лӕггад кӕнынӕн радта йӕ унӕут Билхайы.


Дунедарӕг федта, Йаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахел та разынд ӕнӕзӕнӕг.


Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ куы нымайы! Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ нын нӕ аргъ йӕхӕдӕг бахордта.


Гъе афтӕмӕй ссӕдз азы арвыстон дӕ хӕдзары. Дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй дын фӕкуыстон цыппӕрдӕс азы, фосы тыххӕй та — ӕхсӕз. Мӕ мызд дӕр мын аивтай иу-дӕс хатты.


Мах не ’лдарӕн дзуапп радтам, зӕгъгӕ, ис нын зӕронд фыд, уымӕн та ма — кӕстӕр фырт, йӕ зӕры бонты йын райгуырди. Лӕппуйӕн йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мады зӕнӕгӕй иунӕг уый баззади. Нӕ фыд ыл ӕнувыд у.


Уӕд нын дӕ цагъар, нӕ фыд, загъта: „Сымах зонут, мӕ ус мын дыууӕ фырты ныййардта, уый.


Йаков алыгъди Сиримӕ, ирӕды сӕрмӕ фыййауӕй фӕцыди Израил.


Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу.


Никӕй бон у дыууӕ хицауӕн кусын — сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕни, кӕнӕ сӕ иуыл иузӕрдион уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕни. Уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ ӕхцайӕн дӕр лӕггад кӕнын.


«Чи Мӕм ӕрбацӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.


Йӕ цард зынаргъ кӕмӕн у, уый йӕ фесафдзӕн; ацы дунейы йӕ цардыл чи нӕ ауӕрды, уый та мыггагмӕ цӕрдзӕни.


Дыууӕ усы кӕмӕн уа, сӕ иу — уарзон, иннӕ та — нӕ, уымӕн сӕ дыууӕ дӕр лӕппутӕ ныййардтой, ӕмӕ, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу хистӕр зӕнӕг у, зӕгъгӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan