Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 29:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Леайы зӕрдӕмӕдзӕугӕ ничи рахуыдтаид, Рахелмӕ та фыр рӕсугъдӕй бакӕсӕнтӕ нӕ уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 Леайы зӕрдӕмӕдзӕугӕ ничи рахуыдтаид, Рахелмӕ та фыр рӕсугъдӕй бакӕсӕнтӕ нӕ уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 29:17
19 Iomraidhean Croise  

Мысырмӕ куы баввахс ис, уӕд йӕ ус Сарӕйӕн загъта: «Рӕсугъд сылгоймаг дӕ, уый мын гуырысхойаг нӕу.


Аврам Мысырмӕ куы ныццыди, уӕд мысырӕгтӕ федтой, йемӕ тынг рӕсугъд сылгоймаг кӕй ис, уый.


Ревеккӕ уыди тынг рӕсугъд чызг, нӕлгоймаг чи нӕма базыдта, ахӕм. Ӕрцыди цъаймӕ ӕмӕ йӕ дурын байдзаг кодта. Фӕстӕмӕ куы фӕцӕйцыд,


Бынӕттон цӕрджытӕ Исаакы йӕ ус Ревеккӕйӕ куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Уый мӕ хо у». «Мӕ ус у» зӕгъын нӕ бауӕндыди, рӕсугъд у, ӕмӕ мӕ амардзысты, зӕгъгӕ.


Ныр Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы, хистӕр — Леа, кӕстӕр та — Рахел.


Йаков бауарзта Рахелы ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Дӕ кӕстӕр чызг Рахелы тыххӕй дын бакусдзынӕн авд азы».


Афтӕмӕй Йаков ӕмуат ӕрцыди Рахелимӕ дӕр ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта Леайӕ. Лаванмӕ ма бакуыста ноджыдӕр авд азы.


Фӕлӕ Хуыцау Рахелмӕ дӕр ӕркасти, йӕ лӕгъстӕ йын фехъуыста ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд.


Рахелы лӕппутӕ: Йосеф ӕмӕ Бениамин.


Гъемӕ Потифар дӕр Йосефыл йӕ ис, йӕ бон иууылдӕр бафӕдзӕхста, ӕмӕ йӕ ныр бахӕрынӕй дарддӕр ницыуал мӕт уыдис. Йосеф уындӕй ӕмӕ кондӕй рӕсугъд уыди.


Уымӕй де ’дзард мад Рахелы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд Ханааны зӕххыл, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, афтӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахел. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефрафӕмӕ фӕндагыл». Ефрафӕ ныр хуыйны Вифлеем.


Зӕрдӕскъӕфӕн хуыз сайаг у, рӕсугъддзинад тагъд ивгъуыйы, фӕлӕ Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уыцы сылгоймаг стауыны аккаг у.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Рамайӕ хъуысы кӕуын, ӕрдиаг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы, ӕрсабыры амал ын нӕй, уымӕн ӕмӕ нал сты».


«Рамайӕ хъуысы ӕрдиаг, кӕуын ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг, — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы ӕмӕ йын басабыры амал нӕй, уымӕн ӕмӕ йын нал сты».


Ныр, ардыгӕй куы ацӕуай, уӕд Бениамины зӕххыл, Целцахы, Рахелы зӕппадзы цур, амбӕлдзынӕ дыууӕ лӕгыл. Уыдон дын зӕгъдзысты: „Цы сыл хӕрджытӕ агурӕг рацыдтӕ, уыдон разындысты, ӕмӕ дӕ фыды йӕ хӕрджыты мӕт нал ис, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ сымахмӕ ӕхсайы, ныр кӕм агурон мӕ фырты, зӕгъгӕ.“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan