Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 28:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕнӕд, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысӕд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

3 Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕнӕд, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысӕд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 28:3
23 Iomraidhean Croise  

Хуыцау сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд ӕмӕ уӕд уӕ бар. Ӕлдариуӕг кӕнут денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕн».


Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.


Измаелы тыххӕй дӕр дын фехъуыстон дӕ курдиат. Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн. Сбирӕ йӕ кӕндзынӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ тынг бирӕ уыдзысты. Дыууадӕс фӕтӕджы рацӕудзӕнис Измаелы артӕй. Рантысын дзы кӕндзынӕн разагъды адӕм.


Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой, загътой йын: «Дӕ байзӕддӕгтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ бауӕнт, нӕ хо! Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон суӕнт!»


Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».


Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕндзынӕн, арвы стъалытау, ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр —


Исаак фыр адӕргӕй базыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ де ’рбацыды хӕд размӕ цы сырды фыдӕй бахордтон, уый мын чи ӕрбахаста? Ӕз ын раарфӕ кодтон, ӕмӕ йыл уыцы арфӕ баззайдзӕн».


Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн.


Йӕ дыккаг фыртыл сӕвӕрдта ном Ефрем, уымӕн ӕмӕ, дам, мӕ Хуыцау, удхар цы зӕххыл бавзӕрстон, уым зӕнӕгджын скодта.


Ӕппӕтхъомыс Хуыцау уӕм фӕфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ, цӕмӕй уын рауадза уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Бениамины дӕр. Мӕн та кӕд хъысмӕт фенӕхай кӕнинаг у мӕ цотӕй, уӕд мӕ фенӕхай кӕнӕд!»


Йаков Йосефӕн загъта: «Кӕддӕр мӕм Ӕппӕтхъомыс Хуыцау ӕргом рацыди Лузы, Ханааны зӕххыл, ӕмӕ мын раарфӕ кодта.


Загъта мын: „Ӕз дӕ сбирӕ кӕндзынӕн — тынг бирӕ суыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгтӕн ацы зӕхх ратдзынӕн мыггагмӕйы исбонӕн“.


Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл, Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд: уӕларвы ’ртах ӕмӕ, зӕххы бын цы дон ис, уымӕй, дӕ хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой, дӕ байзӕддаг бирӕ-бирӕ цы бауа.


Хуыцау раарфӕ кодта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Тӕхудиаг сты, Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, Йӕ фӕндӕгтыл Ын чи цӕуы, уыдон!


Дӕ бинойнаг дӕ хӕдзары мидӕг зад сӕнӕфсир бӕласау — зӕнӕгджын, дӕ фынджы алыварс дӕ фырттӕ — оливӕ бӕласы ӕвзартау.


Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ хъӕстӕ даргъ-уӕрӕх ацыд — сбирӕ ӕмӕ стыхджын сты, Мысыры зӕххӕн уӕз кӕнын райдыдтой.


Аврааммӕ, Исаакмӕ ӕмӕ Йаковмӕ Ӕз раргом дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕй, фӕлӕ сын, „Дунедарӕг“, зӕгъгӕ, уыцы номимӕ Мӕхи нӕ раргом кодтон.


Ӕз сымахӕн уыдзынӕн Фыд, сымах та уыдзыстут Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мӕ чызджытӕ, — зӕгъы Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг».


Кувӕндон дзы нӕ федтон, уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ Уӕрыкк сты йӕ Кувӕндон.


Уӕдмӕ Боаз ӕрбацыди Вифлеемӕй ӕмӕ хуымгӕрдджытӕн салам радта: «Дунедарӕджы хорзӕх уӕ уӕд!» Уыдон ын дзуапп радтой: «Дунедарӕг дын раарфӕ кӕнӕд!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan