Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 28:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

22 Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 28:22
13 Iomraidhean Croise  

Уырдыгӕй Аврам араст ис, Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хӕхбӕстӕ уыдис, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ цатыр айтыгъта. Вефил аззади ныгуылӕнӕрдыгӕй, Гай та уыди скӕсӕнӕрдыгӕй. Уыцы ран дӕр Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йын ссардта Йӕ ном.


Арфӕгонд уӕд Иууылбӕрзонд Хуыцау, де знӕгты дын дӕ къухтӕм Чи радта!» Ӕмӕ Аврам Мелхиседекӕн бахуын кодта йе ’ппӕт ӕфтиӕгты дӕсӕймаг хай.


Авраам та Беер-Шевӕйы ныссагъта тамариск бӕлас ӕмӕ уым ссардта Дунедарӕджы, Ӕнусон Хуыцауы, ном.


Тынг фӕтарст ӕмӕ загъта: «Цы ӕвирхъау тасӕфтауӕг у ацы бынат! Цы у, уымӕй — Хуыцауы хӕдзар, арвы дуар».


Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел.


Хуыцау Йаковӕн загъта: «Вефилмӕ ссу, ӕрцӕр дзы ӕмӕ Хуыцауӕн — де ’фсымӕр Исавӕй куы алыгътӕ, уӕд дӕм ӕргом Чи рацыди, Уымӕн, — уым сараз нывондхӕссӕн».


ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн. Уыцы бынат схуыдта Ел-Бет-Ел, уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы алыгъди, уӕд ӕм уыцы ран Хуыцау ӕргом рацыди.


Тыллӕг куы исат, уӕд ын йӕ фӕндзӕм хай дӕттут фараонӕн, цыппар хайы та уын — тауинагӕн, стӕй хӕрынӕн: уӕхицӕн, уӕ хӕдзаронтӕн ӕмӕ уӕ сабитӕн».


Йосеф Мысыры цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый ма суанг абон дӕр йӕ тыхы ис: тыллӕджы фӕндзӕм хай фараоны у. Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕй ницы ӕрхауди фараонмӕ.


Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan