Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 28:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 стӕй мӕ фыды уӕзӕгыл фӕстӕмӕ фарнимӕ куы сӕмбӕлон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

21 стӕй мӕ фыды уӕзӕгыл фӕстӕмӕ фарнимӕ куы сӕмбӕлон, уӕд Дунедарӕг уыдзӕни мӕ Хуыцау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 28:21
8 Iomraidhean Croise  

Гешуры зӕххыл, арамейӕгтӕм цӕргӕйӕ, дӕ цагъар расомы кодта, ӕцӕгдӕр мӕ фӕстӕмӕ Йерусалимыл куы сӕмбӕлын кӕна Дунедарӕг, уӕд Ӕм Хевроны кӕй скувдзынӕн».


Паддзахы размӕ рацыди Саулы фырты фырт Мефивошет дӕр. Паддзахы ацыды бонӕй, сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхти, уыцы бонмӕ уый йӕ къӕхты ныхтӕ дӕр никуы ракодта, йӕ зачъе дӕр никуы фӕцыбыр кодта, йӕ дарӕс дӕр никуы ныхсадта.


Мефивошет паддзахӕн загъта: «Ӕгайтма мӕ бардарӕг, паддзах, йӕ хӕдзармӕ сӕрӕгасӕй ӕрбаздӕхти! Иууылдӕр сӕ Цива айсӕд!»


Уӕд Нееман загъта: «Уӕдӕ мын кӕд мӕ лӕвӕрттӕ нӕ исыс, уӕд мын, дӕ цагъарӕн, дыууӕ хӕргӕфсы цы афӕразой, уый бӕрц уӕ сыджытӕй раттут, уымӕн ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг йеддӕмӕ ницыуал хуыцауӕн ӕрхӕсдзынӕн ӕз иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ.


Иавец Израилы Хуыцаумӕ скуывта: «Тӕхуды, ахӕм арфӕ мын куы ракӕнис ӕмӕ мын мӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр куы скӕнис! Дӕ арм мыл куы дарис, фыдбылызӕй мӕ куы бахизис, цӕмӕй хъизӕмарӕй ма мӕлон!» Ӕмӕ йын Хуыцау сӕххӕст кодта йӕ курдиат.


Дунедарӕг мӕ хъомыс, мӕ хъару, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг у. Уый мӕ Хуыцау у, ӕмӕ Йын кад кӕндзынӕн, Уый — мӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн!


Дунедарӕгӕн загътат сымах абон, уӕ Хуыцау кӕй у, Йӕ фӕндӕгтыл кӕй цӕудзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, кӕй Йӕм хъусдзыстут.


ӕмӕ уӕлахизимӕ куы раздӕхон, уӕд Дын, мӕ хӕдзарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рацӕуа, уый иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсдзынӕн!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan