Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 28:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Тынг фӕтарст ӕмӕ загъта: «Цы ӕвирхъау тасӕфтауӕг у ацы бынат! Цы у, уымӕй — Хуыцауы хӕдзар, арвы дуар».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 Тынг фӕтарст ӕмӕ загъта: «Цы ӕвирхъау тасӕфтауӕг у ацы бынат! Цы у, уымӕй — Хуыцауы хӕдзар, арвы дуар».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 28:17
16 Iomraidhean Croise  

Йаков сыстади сӕумӕйӕ, йӕ нывӕрзӕнӕй дур райста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нысанӕн, оливӕйы сой йыл рауагъта.


Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».


Сауджынтӕн сӕ бон нал уыди сӕ уаз лӕггад дарддӕр хӕссын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар байдзаг ис Дунедарӕджы кадӕй.


Стауӕнт Ӕй арв, зӕхх, денджызтӕ ӕмӕ, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон!


Хуыцау ын загъта: «Ӕрбацу-ма хӕстӕг. Дӕ дзабыртӕ ралас — цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх.


Ӕз дӕ фыдӕлты Хуыцау дӕн — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта: нӕ уӕндыди Хуыцаумӕ кӕсын.


Дӕ ныхасы размӕ уал хорз ахъуыды кӕн, Хуыцауы раз ард бахӕрынмӕ тагъд ма кӕн: Хуыцау уӕларвыл ис, ды та — зӕххыл, дӕ алы ныхас дӕр сасирӕй балуар.


Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом сты.


Ӕвиппайды Хуыцауы зӕд сӕ разы февзӕрди, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй бӕстӕ ныррухс ис. Фыййӕуттӕ фыр тӕссӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой.


Цы ӕрцыди, зӕгъгӕ, адӕм рафӕдис сты. Йесомӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ, дӕлимонтӕй чи фервӕзти, уыцы лӕджы, йӕ дарӕс — йӕ уӕлӕ, йӕ зонд — йӕхимӕ, афтӕмӕй Йесойы къӕхты раз бадгӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты.


Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у — ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе ’нӕфӕцудгӕ бындур.


Хуыцауы хӕдзары сӕргъы стыр Алчер ис,


Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Тӕрхоны рӕстӕг. Ӕмӕ райдайдзӕн Хуыцауы хӕдзарӕй. Уӕдӕ кӕд тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд Хуыцауы Фарны Уацӕн чи нӕ сӕтты, уыдонӕн та сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?


Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,


ӕмӕ йӕ усӕн загъта: «Мах амӕлдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ федтам Хуыцауы».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan