Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 28:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Исаак Йаковмӕ басидт, арфӕ йын ракодта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Ханаанаг чызджытӕй ма ракур.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Исаак Йаковмӕ басидт, арфӕ йын ракодта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Ханаанаг чызджытӕй ма ракур.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 28:1
20 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ,


Мӕнӕн та ард бахӕрын кодта, йӕ фыртӕн ын, кӕй зӕххыл цӕры, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй нӕ ракурдзынӕн,


фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн бӕстӕм, мӕ хионтӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн».


Мӕ уарзон хӕринаг мын сцӕттӕ кӕн, ӕмӕ дзы ӕз бахӕрон, цӕмӕй дын, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ арфӕ ракӕнон».


Ревеккӕ Исаакӕн загъта: «Мӕ цард мын ад нал кӕны нӕ хеттаг чындзыты аххосӕй. Йаков дӕр ма амы чызджытӕй, хеттӕгтӕй, куы ӕрхӕсса, мӕнӕ адоны хуызӕттӕй, уӕд ма мӕ цард цы у?»


Исав базыдта: Исаак Йаковӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ Паддан-Араммӕ ус курынмӕ арвыста. Арфӕ йын куы кодта, уӕд ын бафӕдзӕхста, ханаанаг чызджытӕй ма ракур, зӕгъгӕ.


Гъеуӕд уын чызг дӕр дӕтдзыстӕм ӕмӕ уӕ чызг дӕр курдзыстӕм, ӕмӕ цӕрдзыстӕм уе ’хсӕн, уемӕ суыдзыстӕм иу адӕм.


Стӕй амӕй фӕстӕмӕ дӕр хӕстӕгдзинад кӕнут немӕ: чызг дӕр нын дӕттут ӕмӕ нӕ чызг дӕр курут.


Уым йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди ханаанаг Шуайы чызг, ӕмӕ йӕ ракуырдта. Йемӕ ӕрӕмуат ис.


Ӕмӕ Израил Йосефӕн раарфӕ кодта: «Мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаак коммӕгӕс Кӕмӕн уыдысты, мӕ райгуырдӕй нырмӕ мын Фыййау цы Хуыцау у —


Гъе уыдон сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы. Гъе ахӕм арфӕтӕ сын ракодта сӕ фыд, алкӕмӕн дӕр — сӕрмагондӕй.


Хуыцауы фырттӕ федтой, адӕмӕн сӕ чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕмуат ӕрцыди.


Устытӕ курут ӕмӕ цот уадзут, уӕ фырттӕн устытӕ хӕссут ӕмӕ уӕ чызджыты моймӕ дӕттут, цӕмӕй уыдонӕн дӕр цот цӕуа. Ма фӕкъаддӕр ут, фӕлӕ сбирӕ ут уыцы зӕххыл.


Йӕ мӕлӕты размӕ Моисей, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, израилӕгтӕн арфӕ ракодта.


Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбисӕн Моисей зӕххы хай радта Башаны. Йӕ иннӕ ӕмбисӕн та йын Йешуа зӕххы хай радта Иорданы ацы фарс ныгуылӕнӕрдӕм, иннӕ израилӕгты фарсмӕ. Ӕмӕ сӕ Йешуа Хуыцауы арфӕимӕ сӕ хӕдзӕрттӕм куы ’рвыста,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan