Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 27:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 ӕмӕ мӕм байхъус, мӕ хъӕбул. Ӕвӕстиатӕй алидз ме ’фсымӕр Лаванмӕ, Харанмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

43 ӕмӕ мӕм байхъус, мӕ хъӕбул. Ӕвӕстиатӕй алидз ме ’фсымӕр Лаванмӕ, Харанмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 27:43
14 Iomraidhean Croise  

Терах халдейаг Урӕй араст ис Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Терахы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Хараны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.


Ревеккӕйӕн уыд ӕфсымӕр, йӕ ном — Лаван. Ӕмӕ уый йӕ хомӕ фындзцӕг ӕмӕ цонгдарӕнтӕ куы федта, стӕй, уыцы лӕг ын цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм фӕссахармӕ, цъайы цурмӕ атындзыдта. Уый ма йӕ теуатимӕ лӕууыди цъайы цур.


Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд.


Йӕ мад ын загъта: «Уыцы ӕлгъыст мӕныл ӕфтыд фӕуӕд, мӕ хъӕбул, ӕрмӕст цу ӕмӕ ӕрбахӕсс, цы дын загътон, уый».


Ревеккӕйӕн радзырдӕуыди йӕ хистӕр фырт Исавы фӕнд, ӕмӕ фӕсидти йӕ кӕстӕр фырт Йаковмӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’фсымӕр дӕ марынмӕ хъавы,


Гъемӕ, мӕ хъӕбул, байхъус, цы дын фӕдзӕхсын, уымӕ.


Ныр Йаков та Беер-Шевӕйӕ ацыди Харанмӕ.


Исаак Йаковы ауагъта, ӕмӕ уый араст ис Паддан-Араммӕ, арамейаг Бетуелы фырт Лаванмӕ — Йаков ӕмӕ Исавы мад Ревеккӕйы ӕфсымӕрмӕ.


Йаков байхъуыста йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ ӕмӕ араст ис Паддан-Араммӕ.


Хуыцау Йаковӕн загъта: «Вефилмӕ ссу, ӕрцӕр дзы ӕмӕ Хуыцауӕн — де ’фсымӕр Исавӕй куы алыгътӕ, уӕд дӕм ӕргом Чи рацыди, Уымӕн, — уым сараз нывондхӕссӕн».


Йӕ фыдыл худгӕ, йӕ ныййарӕг мадмӕ хъусыныл ӕлгъ цы цӕст кӕны, уый дӕлвӕзы халӕттӕ скъахдзысты.


Рехавы фырт Йонадавы байзӕддӕгтӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ фыдӕлы фӕдзӕхстытӕ: абон онг йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕн нӕ нуазынц. Сымах та Мӕм, кӕд ӕмӕ уын ӕрвылбон дзырдтон, уӕддӕр нӕ хъуыстат.


Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan