Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 27:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Уый бацыд ӕмӕ йын аба кодта. Исаак ын йӕ дарӕсмӕ куы басмыста, уӕд ын раарфӕ кодта: «Дунедарӕджы арфӕйы фӕрцы бӕзнаг цы хуым разынди, уыцы хуымы тӕф цӕуы дӕуӕй, мӕ фырт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

27 Уый бацыд ӕмӕ йын аба кодта. Исаак ын йӕ дарӕсмӕ куы басмыста, уӕд ын раарфӕ кодта: «Дунедарӕджы арфӕйы фӕрцы бӕзнаг цы хуым разынди, уыцы хуымы тӕф цӕуы дӕуӕй, мӕ фырт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 27:27
14 Iomraidhean Croise  

Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг.


Уый фӕстӕ, хӕдзары йӕ хистӕр лӕппу Исавӕн цы райст-бавӕрды дарӕс уыди, уый скодта йӕ кӕстӕр лӕппу Йаковыл,


Стӕй Исаак Йаковӕн загъта: «Рауай-ма ӕмӕ мын аба кӕн, мӕ фырт».


Исаак ын загъта: «Зӕххы сойӕ дӕуӕн нӕ уыдзӕн хай, уӕларвы ’ртӕх дын не ’фсаддзӕн дӕ хуымгӕнд.


Израил базӕронд ис ӕмӕ цӕстӕй тынг фӕцудыдта. Йосеф лӕппуты йӕ фыды уӕлхъус ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ сын уый фӕхъӕбыстӕ ӕмӕ фӕбатӕ кодта.


Ӕмӕ Израил Йосефӕн раарфӕ кодта: «Мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаак коммӕгӕс Кӕмӕн уыдысты, мӕ райгуырдӕй нырмӕ мын Фыййау цы Хуыцау у —


Фӕлвӕрдтай нӕ, Хуыцау, стайын нӕ кодтай ӕвзистау.


Фӕкъуыбар сты легъуи бӕлӕстӕ, дидинӕг калынц сӕнӕфсиры талатӕ, сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы. Сыст, мӕ уарзон, ракӕс мӕм ӕддӕмӕ!


Йосефы тыххӕй загъта: „Дунедарӕджы арфӕйӕ ӕфсӕст у йӕ зӕхх ӕрвон ӕртах ӕмӕ дӕлдзӕхы арфӕй цӕуӕг суадӕтты донӕй;


Йӕ уырнындзинады фӕрцы Исаак арфӕ ракодта Йаков ӕмӕ Исавы фидӕнӕн.


Арӕх къӕвда кӕй ӕфсады ӕмӕ, чи йӕ кусы, уымӕн тыллӕг цы зӕхх дӕтты, уый арфӕгонд вӕййы Хуыцауӕй;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan