Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 27:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 уӕдмӕ ма йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

24 уӕдмӕ ма йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 27:24
16 Iomraidhean Croise  

Нӕ йӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ йе ’фсымӕр Исавы къухтау хъуынджын уыдысты. Фӕлӕ йын цалынмӕ арфӕ нӕма ракодта,


Исаак загъта: «Ӕри-ма, дӕ сырды фыдӕй дын бахӕрон, мӕ хъӕбул, стӕй дын раарфӕ кӕндзынӕн». Йаков ын радта, ӕмӕ уый бахордта. Ӕрбахаста йын сӕн дӕр, ӕмӕ бануӕзта.


Паддзах ӕй фӕрсы: «Цы дӕ хъӕуы?» Уый йын дзуапп радта: «Идӕдз сылгоймаг дӕн, мӕ мой амарди.


Зӕронд лӕг та йын загъта: «Ӕз дӕр пехуымпар дӕн дӕуау. Дунедарӕджы дзырдӕй мын зӕд бафӕдзӕхста, дӕ хӕдзармӕ йӕ бахон ӕмӕ къӕбӕр дӕр бахӕрӕд ӕмӕ дон дӕр бануазӕд, зӕгъгӕ». Асайдта йӕ,


Дӕ тӕригъӕд дӕ ардауы афтӕ дзурыныл, ӕмӕ мӕнгард ныхас кӕныс.


Раст ныхӕстӕ баззайдзысты ӕнусмӕ, мӕнг ныхас — ӕрмӕстдӕр иу уысммӕ.


Мӕнг ӕвзаг Дунедарӕгӕн ӕлгъаг у, цӕсгомджынӕй чи цӕры, уый Йын — ӕхцон.


тутт ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ мӕм хӕстӕг ма ’рбауадз; хъӕздыгдзинад мын ма ратт, мӕгуырӕй дӕр мӕ бахиз; цӕрыны фаг мын дӕтт къӕбӕр,


Мӕнӕ уын, цы хъуамӕ кӕнат, уыдӕттӕ: уӕ кӕрӕдзийӕн дзурут рӕстдзинад; тӕрхондоны тырнут рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинадмӕ;


Уӕдӕ мӕнг ныхӕстӕ мауал кӕнут — алчидӕр йӕ хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах стӕм иу буары уӕнгтӕ.


Кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ ма дзурут, уымӕн ӕмӕ сымах фервӕзтыстут уӕ зӕронд ӕрдзыхъӕдӕй йӕ хъуыддӕгтимӕ


Уымӕ гӕсгӕ сӕ цуры йӕхи зондцухӕй равдыста, кулдуарыл цыдӕртӕ хылы-мылы кодта ӕмӕ йӕ боцъойыл йӕ сӕт уагъта.


Давид Ахимелехӕн дзуапп радта: «Паддзах мын иу хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ мын загъта: „Цӕмӕ дӕ ’рвитын ӕмӕ дын цы фӕдзӕхсын, уый мачи базонӕд“. Мӕ адӕмы та бӕрӕг ранмӕ барвыстон.


уӕд-иу ӕй уый бафарста: «Кӕмӕ бабырстат ныр та?» Давид-иу ын дзуапп радта: «Негевмӕ, Иудейы зӕхмӕ», кӕнӕ: «Негевмӕ, йерахмеелонты зӕхмӕ», кӕнӕ та: «Негевмӕ, кенӕгты зӕхмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan