Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 27:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Исаак ын загъта: «Ӕз базӕронд дӕн ӕмӕ нӕ зонын, мӕ адзалы бон кӕд ралӕудзӕни, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Исаак ын загъта: «Ӕз базӕронд дӕн ӕмӕ нӕ зонын, мӕ адзалы бон кӕд ралӕудзӕни, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 27:2
10 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ-ма де ’рдын ӕмӕ дӕ фатдонимӕ цуаны ацу ӕмӕ мын исты хъӕддаг сырд самал кӕн быдыры.


Израилӕн йӕ адзал куы ӕрӕввахс ис, уӕд басидт йӕ фырт Йосефмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард,


Уый фӕстӕ Израил Йосефӕн загъта: «Ӕз ныр мӕлгӕ кӕнын, фӕлӕ Хуыцау ауддзӕни сымахыл ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ уӕ фыдӕлты зӕхмӕ раздахдзӕн.


Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Амоцы фырт, пехуымпар Исайа йӕм ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».


«О Дунедарӕг! Рох Дӕ ма уӕд, иузӕрдион Дыл кӕй уыдтӕн, уый. Зӕрдиагӕй Дӕм хъуыстон, ӕдзух Дын Дӕ фӕндон ӕххӕст кодтон». Ӕмӕ ныккуыдта.


Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, хӕдзары хицау кӕд ӕрбаздӕхдзӕн, уый: изӕрӕй, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви сӕумӕрайсом.


Афтӕмӕй та, райсом цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Цы у уӕ цард? Сымах стут донытӕфау, исдуг чи фӕзыны ӕмӕ стӕй чи ӕрбайсӕфы.


Давид ард бахордта ӕмӕ загъта: «Дӕ фыд, бӕгуыдӕр, зоны, хорз зӕрдӕ мӕм кӕй дарыс, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн фӕзӕгъы: „Ионатан мацы базонӕд, науӕд ын хъыг уыдзӕни“. Фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй: мӕ цард ӕрдуйыл хӕцы».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan