Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 26:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Авраам Мӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ Мын Мӕ ныстуантӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Авраам Мӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ Мын Мӕ ныстуантӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 26:5
14 Iomraidhean Croise  

Аврам бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Йемӕ рацыди Лот дӕр. Аврамӕн, Харан куы ныууагъта, уӕд йӕ фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы йӕхи фесты.


Уӕд Авраам бавдӕлд, ӕмӕ йын Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ тӕккӕ уыцы бон сунӕт скодта йӕ хӕдзары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕн: йӕ фырт Измаелӕн, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр райгуырди, уыдонӕн, стӕй, ӕлхӕд ын чи уыди, уыдонӕн дӕр.


Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».


«Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай,


Кӕй Мӕм байхъуыстай, уый тыххӕй дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».


Афтӕмӕй Исаак баззади Герары.


Уӕдӕ ацы фӕдзӕхстытӕн сӕ иууыл къаддӕры сӕрты дӕр чи ахиза ӕмӕ адӕмы дӕр афтӕ бакӕныныл чи сардауа, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни ӕппӕты къаддӕрыл. Фӕлӕ сӕ чи сӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ адӕмӕн дӕр чи бацамона, уый Уӕларвон Паддзахады нымад уыдзӕни стырыл.


Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн.


Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.


Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы.


Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам байхъуыста Хуыцаумӕ, кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы бӕстӕм ацӕуыны тыххӕй. Ӕмӕ ацыди, кӕд, кӕдӕм цӕуы, уый бӕлвырд нӕ зыдта, уӕддӕр.


Нӕ фыдӕл Авраам йӕ фырт Исаакы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд Хуыцау Авраамы йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не сраст кодта, ӕви?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan