Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 26:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Исавыл дыууиссӕдз азы куы цыд, уӕд ӕрхаста хеттаг Беерийы чызг Йехудиты ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Басематы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

34 Исавыл дыууиссӕдз азы куы цыд, уӕд ӕрхаста хеттаг Беерийы чызг Йехудиты ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Басематы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 26:34
11 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ,


Ревеккӕ Исаакӕн загъта: «Мӕ цард мын ад нал кӕны нӕ хеттаг чындзыты аххосӕй. Йаков дӕр ма амы чызджытӕй, хеттӕгтӕй, куы ӕрхӕсса, мӕнӕ адоны хуызӕттӕй, уӕд ма мӕ цард цы у?»


Афтӕмӕй Исав бамбӕрста, ханаанаг чындзытӕ йӕ фыд Исаакы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уый.


Уӕд фӕцыд Измаелмӕ ӕмӕ ма ӕрхаста иу ус — Авраамы фырт Измаелы чызг Махалаты, Невайоты хойы.


Реуелы фырттӕ: Нахат, Зерах, Шамма, Мизза. Адон сты Исавы ус Басематы зӕнӕджы зӕнӕг.


Исав ӕрхаста ханаанаг устытӕ: хеттаг Елоны чызг Адайы ӕмӕ Охоливамайы — хивваг Цивоны фырт Анайы чызджы,


Охоливама — Йеушы, Йаламы ӕмӕ Корахы. Адон — Исавы фырттӕ. Райгуырдысты йын Ханааны зӕххыл.


Сӕ чызджыты сын уӕ фырттӕн ма курут, кӕннод уын уӕ фыртты дӕр сахуыр кӕндзысты сӕ хуыцӕуттӕм кувын.


Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой.


цӕмӕй уӕм ма уа хӕтаг кӕнӕ ӕнӕхуыцау, Исавау хистӕр фырты бартӕ иу хъӕрмхуыппы къусыл чи баивта.


Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan