Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 26:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Исаак сӕ бафарста: «Цы ма мӕм ӕрбацыдыстут, уе сӕфт мӕ куы федтат ӕмӕ мӕ уӕ цурӕй куы фӕсырдтат, уӕд?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

27 Исаак сӕ бафарста: «Цы ма мӕм ӕрбацыдыстут, уе сӕфт мӕ куы федтат ӕмӕ мӕ уӕ цурӕй куы фӕсырдтат, уӕд?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 26:27
9 Iomraidhean Croise  

Уыйас бирӕ систы йӕ лыстӕг фос ӕмӕ йе стурвос, стӕй йӕ цагъартӕ, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ райдыдтой хӕлӕг кӕнын.


Авимелех Исаакӕн загъта: «Ацу нӕ цурӕй, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар стыхджындӕр дӕ махӕй».


Уыдон ын загътой: «Мах бӕлвырд бафиппайдтам, Дунедарӕг дыл кӕй ауды, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам: демӕ бафидауӕм ӕмӕ нӕ фидыд сфидар кӕнӕм иумӕйаг ардбахӕрдӕй.


Йосеф арвыста хонӕг йӕ фыд Йаков ӕмӕ йе ’ппӕт хиуӕттӕм — фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймагмӕ.


Фӕлӕ хионы ӕфхӕрӕг фесхуыста Моисейы ӕмӕ йын загъта: „Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй?


Дӕу махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй чи сӕвӕрдта, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕстимӕ сӕхи кӕуыл атигъ кодтой, уыцы Моисейы ныр Хуыцау рарвыста хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй, сындзкъутӕрӕй йӕм цы зӕд раргом ис, уый фӕрцы.


Уыцы рагфыдӕлтӕ сӕ хӕлӕгӕй Йосефы ауӕй кодтой Мысырмӕ. Фӕлӕ Хуыцау йемӕ уыд


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


Йеффай Галаады хистӕртӕн дзуапп радта: «Раздӕр уын ӕнӕуынон куы уыдтӕн, мӕ фыды хӕдзарӕй мӕ куы ратардтат. Ныр фыдбылызы куы бахаудыстут, уӕд та мӕ ӕрцагуырдтат».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan