Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 26:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

24 Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 26:24
41 Iomraidhean Croise  

Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.


Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».


Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.


Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».


Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ фӕсидти: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй.


уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!


Уый фӕстӕ Авраам ӕрбаздӕхт йӕ цагъартӕм, ӕмӕ иумӕ ацыдысты Беер-Шевӕмӕ. Авраам баззади Беер-Шевӕйы.


Авраамы цагъар скуывта: «О Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Гъеныр мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн! Ме ’лдар Авраамы схайджын кӕн Дӕ хорзӕхӕй!


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».


Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дын арфӕгӕнӕг уӕд! Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕнӕд, хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕ рантысӕд!


Лаван ын афтӕ: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд дӕ курын, ӕмӕ баззай! Дӕсныфӕрсгӕйӕ мын раргом ис, Дунедарӕг мӕнӕн дӕу тыххӕй кӕй раарфӕ кодта, уый».


ӕмӕ сын загъта: «Уӕ фыды уын федтон ӕмӕ бафиппайдтон, раздӕрау мӕм хорз цӕстӕй нал кӕсы, уый. Фӕлӕ мыл мӕ фыды Хуыцау ауды.


Дунедарӕг аудыдта Йосефыл, ӕмӕ Йосеф алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Царди йӕ мысыраг хицауы хӕдзары.


Мысыраг уыдта, Дунедарӕг Йосефыл кӕй ауды, алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын кӕй у, уый.


Израил йе ’ппӕт исбонимӕ сыстади Ханааны зӕххӕй. Беер-Шевӕмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ.


Илийа йын загъта: «Ацу ӕмӕ скӕн, цы загътай, уый. Ӕрмӕст уал фыццаг мӕнӕн иу гыццыл сойыфых акӕн ӕмӕ мын ӕй ардӕм рахӕсс. Дӕхицӕн ӕмӕ дӕ лӕппуйӕн та уый фӕстӕ скӕндзынӕ. Мацӕмӕй тӕрс,


«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.


Ӕз дӕ фыдӕлты Хуыцау дӕн — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта: нӕ уӕндыди Хуыцаумӕ кӕсын.


Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Афтӕ уын зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, уе Сфӕлдисӕг, мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта ӕмӕ уын ӕххуыс Чи кӕндзӕни, Уый: ма тӕрсут, Мӕ цагъартӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Ме ’взӕрстытӕ — Йешурун!


«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?


Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ рӕстдзинад Мын чи зоны, Ме ’гъдау йӕ зӕрдӕйы фыст кӕмӕн у, уыдон! Искӕй фидистӕй ма тӕрсут, искӕй ӕлгъыстытӕ уыл тас ма ’фтауӕнт!


О, дзуапп куы раттис ды мӕнӕн, куы зӕгъис: «Ма тӕрс!»


ӕмӕ Ӕз ӕрымысдзынӕн Мӕ фидыд Йаковимӕ, Мӕ фидыд Исаакимӕ ӕмӕ Мӕ фидыд Авраамимӕ. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый.


Сӕ фыдӕлты сын Ӕз адӕмты раз ракодтон Мысырӕй, цӕмӕй уон сӕ Хуыцау, ӕмӕ сӕ сӕраппонд, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ӕрымысдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн».


„Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“? Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, удӕгӕсты Хуыцау у».


Ма тӕрс, чысыл дзуг! Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн Паддзахад раттын.


„Ӕз дӕн дӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Йаковы Хуыцау“. Моисей фыр тӕссӕй скӕсын дӕр нӕ уӕндыд.


Мацы баззайӕд дӕ къухы уыцы ӕлгъыстаг фӕллойӕ, цӕмӕй дӕм Дунедарӕгӕн Йӕ маст ма ссудза, Йӕ хорзӕх дын ратта ӕмӕ, дӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ дын дӕ мыггаг сбирӕ кӕна.


Фидар фӕлӕуут, ма фӕтасут! Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис. Уый уыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныууадздзӕн».


Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвон бӕстӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕгад нӕ кӕсы Йӕхи уыдоны Хуыцау хонын, уымӕн ӕмӕ Уый уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта сахар.


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?»


Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,


Уӕдӕ афтӕ, мӕ къона: тӕрсгӕ ма кӕн, цыдӕриддӕр загътай, уыдӕттӕ дын сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ хӕрзӕгъдау сылгоймаг кӕй дӕ, уый нӕ сахар иууылдӕр зонынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan