Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 26:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Дунедарӕг ӕргом рацыд Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мысырмӕ ма ацу, фӕлӕ дын цы зӕхх бацамонон, уым ӕрбынат кӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Дунедарӕг ӕргом рацыд Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мысырмӕ ма ацу, фӕлӕ дын цы зӕхх бацамонон, уым ӕрбынат кӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 26:2
11 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хионты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамонон, уырдӕм.


фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!


Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак. Ӕз уыимӕ ӕмӕ йӕ байзӕддагимӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.


Мамрейы тулдзджыны цур Дунедарӕг ӕргом рацыд Аврааммӕ, ӕмбисбоны ӕнтӕфы йӕ цатыры къӕсӕры раз куы бадти, уӕд.


Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».


Раст фӕндагыл слӕууыдысты мӕ къӕхтӕ, ӕмбырдты Дунедарӕджы стаудзынӕн!


Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.


Фехъуыста сын Хуыцау сӕ хъӕрзын, ӕмӕ ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл Йӕ фидыд Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ.


ӕмӕ Ӕз ӕрымысдзынӕн Мӕ фидыд Йаковимӕ, Мӕ фидыд Исаакимӕ ӕмӕ Мӕ фидыд Авраамимӕ. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan