Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 26:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Фӕстӕмӕ ссыгъдӕг кодта, йӕ фыд Авраамы заманы кӕй скъахтой ӕмӕ уый фӕстӕ филистимӕгтӕ кӕй фехӕлдтой, уыцы цъайтӕ. Ногӕй сӕ схуыдта, йӕ фыд сын кӕддӕр цы нӕмттӕ радта, уыдонӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

18 Фӕстӕмӕ ссыгъдӕг кодта, йӕ фыд Авраамы заманы кӕй скъахтой ӕмӕ уый фӕстӕ филистимӕгтӕ кӕй фехӕлдтой, уыцы цъайтӕ. Ногӕй сӕ схуыдта, йӕ фыд сын кӕддӕр цы нӕмттӕ радта, уыдонӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 26:18
10 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ Авимелехӕн бауайдзӕф кодта, дӕ цагъартӕ мын мӕ цъай байстой, зӕгъгӕ.


Авраам ын дзуапп радта: «Ацы авд далысы райс мӕ къухӕй — уыцы цъай ӕз кӕй скъахтон, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Кӕрӕдзийӕн ард кӕй бахордтой, уымӕ гӕсгӕ ацы бынат уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыйны Беер-Шевӕ.


Исаак уырдыгӕй ацыди, Герары дӕлвӕзы рӕсӕнуат скодта ӕмӕ уым баззади.


Иу хатт Исаакы цагъартӕ дӕлвӕзы къахтой, ӕмӕ дзы донгуырӕн разынди.


Мӕсгуытӕ сарӕзта ӕдзӕрӕг быдыры дӕр, ноджы скъахта бирӕ донуӕттӕ, уымӕн ӕмӕ йӕм уӕлвӕзты дӕр ӕмӕ дӕлвӕзты дӕр бирӕ фос уыди. Хӕхбӕсты ӕмӕ йӕм дӕлвӕзы уыди зӕхкусджытӕ ӕмӕ сӕндонгӕстӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы куыст уарзта.


Адӕмӕн сӕ бар сӕхи у, фӕлӕ ӕз Дӕ дзырды сӕрты никуы ахызтӕн, мӕхи хъахъхъӕдтон фыдгӕнӕджы фӕндӕгтӕй.


Баалы нӕмттӕ дын дӕ былалгъӕй фесафдзынӕн, ӕмӕ сӕ кой нал фехъуысдзӕн.


Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз ацы зӕххыл мӕнг хуыцӕутты ныццӕгъддзынӕн, мӕнг пехуымпарты ӕмӕ алы ӕлгъӕгтӕм мондаггӕнӕг моны фесафдзынӕн зӕххӕй.


Нево ӕмӕ Баал-Меон (ацы сахартӕн сӕ нӕмттӕ аивтой), стӕй Сивма. Ногӕй цы сахартӕ сарӕзтой, уыдонӕн ног нӕмттӕ радтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan