Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 25:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 йӕ иннӕ устыты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 йӕ иннӕ устыты лӕппутӕн та ракодта лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ йӕ фырт Исаакы цурӕй арвыста скӕсӕйнаг бӕстӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 25:6
18 Iomraidhean Croise  

Сарӕ ӕрбакодта йӕ унӕуты, мысыраг Агары, ӕмӕ йӕ радта усӕн йӕ мой Аврамӕн. Хъуыддаг ӕрцыд, Аврам Ханааны зӕххыл куы ӕрцарди, уымӕй дӕс азы фӕстӕдӕр.


Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.


Авраамӕн ма уыди дыккаг ус дӕр, йӕ ном — Кетура.


Йаков араст ис дарддӕр ӕмӕ скӕсӕйнаг адӕмы бӕстӕм бахӕццӕ ис.


Рахел йӕ унӕут Билхайы йӕ мойӕн номылусӕн радта, ӕмӕ Йаков ӕмуат ӕрцыди йемӕ.


Леа федта, зӕнӕг ын кӕй нал цӕуы, уый, ӕмӕ йӕ унӕут Зилпайы Йаковӕн номылусӕн радта.


Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Йаков сыстади, сыстын кодта йӕ дыууӕ усы, сӕ унӕутты, йӕ иуӕндӕс фырты ӕмӕ доны тӕнджыты семӕ Йавочы фаллаг фарсмӕ бахызти.


Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты.


Роховамӕн ӕдӕппӕтӕй уыдис ӕстдӕс усы ӕмӕ ӕхсай номылусы, ӕмӕ йын уыдонӕй райгуырди дыууын аст фырты ӕмӕ ӕхсай чызджы. Фӕлӕ йӕ устытӕй Авессаломы чызг Маахайы бӕрц никӕй уарзта.


Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.


Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.


Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ — Уый хур скӕсын кӕны хӕларзӕрдӕтыл дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.


Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хойрагӕй уӕ хӕссы ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады».


ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕм уазӕгуаты баззайа; афтӕмӕй ӕртӕ боны хордтой, нуӕзтой ӕмӕ фынӕй кодтой.


Куыддӕр-иу сӕ хуымтӕ байтыдтой, афтӕ та-иу сӕм мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбабырстой,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan