Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 25:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Йаков радта Исавӕн дзул ӕмӕ тъӕпӕн хъӕдуры хъӕрмхуыпп. Исав бахордта ӕмӕ бануӕзта, стӕй сыстад ӕмӕ рацыди — йӕ хистӕрад ницӕмӕ ’рдардта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

34 Йаков радта Исавӕн дзул ӕмӕ тъӕпӕн хъӕдуры хъӕрмхуыпп. Исав бахордта ӕмӕ бануӕзта, стӕй сыстад ӕмӕ рацыди — йӕ хистӕрад ницӕмӕ ’рдардта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 25:34
15 Iomraidhean Croise  

Иу хатт Йаков хъӕрмхуыпп куыд фыхта, афтӕ Исав та фӕлладӕй ӕрбацыди быдырӕй


Йаков ын загъта: «Ард мын бахӕр ныртӕккӕ». Уый йын ард бахордта ӕмӕ Йаковӕн ауӕй кодта йӕ хистӕрад.


Ханааны зӕххыл та скодта ӕххормаг рӕстӕг, уый размӕ Авраамы заманы куыд уыди, афтӕ, ӕмӕ Исаак араст ис Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ.


Исаак ӕй бафарста: «Чи дӕ?» Уый дзуапп радта: «Ӕз дӕ хистӕр фырт Исав дӕн».


уыдон уыдтой Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, Йӕ диссӕгтӕ доны арфы.


Ӕз раппӕлыдтӕн цинӕй: лӕгӕн а зӕххыл нуазын, хӕрын ӕмӕ цин кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Йӕ куысты фӕллойӕ уыдӕттӕ спайда кӕны, цалынмӕ, Хуыцау ын йӕ зӕххон цардӕн цы ’мгъуыд скодта, уый нӕ ахицӕн ис, уӕдмӕ.


Фӕлӕ сымах уый бӕсты хъӕлдзӕгдзинад сарӕзтат; цин кӕнут, галтӕ ӕмӕ фыстӕ ӕргӕвдут, дзидза хӕрут, сӕн нуазут ӕмӕ дзурут: «Цӕй уӕдӕ хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм — уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»


Дунедарӕг мын загъта: «Уыцы ӕвзист дурынгӕнӕгмӕ баппар, — ахӕм стыр аргъ Мын скодтой!» Ӕз райстон дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны дурынгӕнӕгмӕ баппӕрстон.


Фӕлӕ йын хуынд адӕм йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ дзы чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та — сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ.


ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы.


„Кӕсут-ма, ӕнӕввӕрсонтӕ! Стыр дисы бафтут ӕмӕ фесӕфут, уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг аразын, ӕмӕ уын ӕй исчи куы загътаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид“».


Ӕз Эфесы хъӕддаг сырдтимӕ куы тох кодтон, уӕд мӕ нысан кӕд зӕххон уыди, уӕд мын уымӕй цы пайда ис? Кӕд мӕрдтӕ ӕгас нӕ кӕнынц, уӕд «байдайӕм хӕрын ӕмӕ нуазын, уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan