Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 25:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

20 Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 25:20
18 Iomraidhean Croise  

Бетуелӕн райгуырди Ревеккӕ. Уыцы аст фырты Авраамы ӕфсымӕр Нахорӕн ныййардта Милка.


Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг.


Ревеккӕйӕн уыд ӕфсымӕр, йӕ ном — Лаван. Ӕмӕ уый йӕ хомӕ фындзцӕг ӕмӕ цонгдарӕнтӕ куы федта, стӕй, уыцы лӕг ын цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм фӕссахармӕ, цъайы цурмӕ атындзыдта. Уый ма йӕ теуатимӕ лӕууыди цъайы цур.


Уӕд Исаак чызджы бахуыдта йӕ мад Саррӕйы цатырмӕ, ӕмӕ Ревеккӕ сси йӕ ус. Исаак ӕй бауарзта ӕмӕ ныр нал хъынцъым кодта йӕ мады мардыл.


Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Йаков. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.


ӕмӕ мӕм байхъус, мӕ хъӕбул. Ӕвӕстиатӕй алидз ме ’фсымӕр Лаванмӕ, Харанмӕ.


Фӕлтау ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мады фыд Бетуелы хӕдзармӕ, ӕмӕ уым дӕ мады ’фсымӕр Лаваны чызджытӕй искӕй ракур.


Йаков байхъуыста йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ ӕмӕ араст ис Паддан-Араммӕ.


сӕргъӕвта йе ’ппӕт мулк, ахъӕр кодта, Паддан-Арамы кӕй самал кодта, уыцы фосыл ӕмӕ араст ис йӕ фыд Исаакмӕ, Ханааны зӕхмӕ.


Йаков дӕр хинӕй рацыд арамейаг Лаваныл — ницы йын загъта,


Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!»


Афтӕ Йаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ ис ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ӕрбынат кодта.


Леайы унӕут Зилпайы лӕппутӕ: Гад ӕмӕ Асир. Адон — Йаковы фырттӕ, райгуырдысты йын Паддан-Арамы.


Йаков Паддан-Арамӕй куы ӕрбаздӕхти, уый фӕстӕ та йӕм Хуыцау ногӕй ӕргом рацыд ӕмӕ йын раарфӕ кодта.


Бирӕ хъотырджынтӕ уыди пехуымпар Елисейы заман Израилы, фӕлӕ дзы иу дӕр не ссыгъдӕг ис — ӕрмӕстдӕр сириаг Нееман ссыгъдӕг ис».


Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan