Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 25:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беер-Лахай-Роийы цъаймӕ хӕстӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беер-Лахай-Роийы цъаймӕ хӕстӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 25:11
11 Iomraidhean Croise  

Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.


Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».


Уымӕ гӕсгӕ ацы цъай хонынц «Кӕй хорзӕх мӕ ис, уыцы Цардӕгасы цъай». Ныронг дӕр лӕууы Кадеш ӕмӕ Береды ’хсӕн.


Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак. Ӕз уыимӕ ӕмӕ йӕ байзӕддагимӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.


уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!


Дунедарӕг ме ’лдарӕн ракодта стыр арфӕ, сбонджын ӕй кодта: радта йын лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.


Уыцы рӕстӕг Исаак ӕрбаздӕхти Беер-Лахай-Роийӕ — Негевы царди уӕд.


Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг.


Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый.


Ӕмӕ загъта Йосеф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм».


Арфӕгонд уӕд Дунедарӕджы ном ныр дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan