Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:50 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

50 Лаван ӕмӕ Бетуел дзуапп радтой: «Ацы хъуыддаг Дунедарӕджы уынаффӕ у, ӕмӕ дын „о“ кӕнӕ „нӕ“ зӕгъӕм, уый махмӕ нӕ хауы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

50 Лаван ӕмӕ Бетуел дзуапп радтой: «Ацы хъуыддаг Дунедарӕджы уынаффӕ у, ӕмӕ дын „о“ кӕнӕ „нӕ“ зӕгъӕм, уый махмӕ нӕ хауы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:50
15 Iomraidhean Croise  

Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг.


Чызг рӕвдз ауади йӕ мадмӕ ӕмӕ йын ацы хабӕрттӕ рафӕзмыдта.


Мӕнӕ дын — Ревеккӕ. Акӕн ӕй, ӕмӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ суӕд де ’лдары фырты ус».


Стӕй систа ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕсы фӕлыстытӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн. Йе ’фсымӕр ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр ракодта зынаргъ лӕвӕрттӕ.


Чызджы ӕфсымӕр ӕмӕ мад куырдтой: «Немӕ ма иу-дӕс боны уӕддӕр ацӕрӕд, стӕй ацӕудзӕни».


Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой, загътой йын: «Дӕ байзӕддӕгтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ бауӕнт, нӕ хо! Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон суӕнт!»


Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!»


Мӕ бон у ӕмӕ уӕ бафхӕрон, фӕлӕ мын дысон уӕ фыды Хуыцау ныффӕдзӕхста, Йаковмӕ мацы сдзур, зӕгъгӕ.


Авессалом та Амнонӕн хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы загъта, уымӕн ӕмӕ йын ӕнӕуынон сси, йӕ хо Тамары йын кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй.


Паддзахмӕ адӕмы курдиат нӕ бахъардта, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы фӕндон уыд. Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Дунедарӕг силомаг Ахийайы уылты Наваты фырт Йоровамӕн цы ныхас загъта, уый».


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ма схӕцут уе ’фсымӕртимӕ, Израилы адӕмимӕ! Алчидӕр уӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд, уымӕн ӕмӕ, цыдӕриддӕр ӕрцыд, уый уыди Мӕ фӕндон!» Адӕм байхъуыстой Дунедарӕджы ныхасмӕ ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты.


Уӕздӕттӕ мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц, ӕз та, Дӕ цагъар, хъуыды кӕнын Де ’Гъдауыл.


Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?


Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?»


Мах Бардарӕг Йесо Чырыстийыл куы баууӕндыдыстӕм, уӕд нын Хуыцау кӕй радта, кӕд муртаттӕгтӕн дӕр ахӕм лӕвар ракодта, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууон?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan