Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:45 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

45 Куывд нӕма фӕдӕн, афтӕ дын мӕнӕ рацӕуы Ревеккӕ — йӕ дурын йе уӕхскыл. Ныццыдис цъаймӕ ӕмӕ дон систа. Ӕз ӕм бадзырдтон, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

45 Куывд нӕма фӕдӕн, афтӕ дын мӕнӕ рацӕуы Ревеккӕ — йӕ дурын йе уӕхскыл. Ныццыдис цъаймӕ ӕмӕ дон систа. Ӕз ӕм бадзырдтон, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:45
14 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ мын уый афтӕ куы зӕгъа, дӕхӕдӕг дӕр бануаз, дӕ теуатӕн дӕр дын сисдзынӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу уыцы чызг фӕуӕд, Дунедарӕг ме ’лдары фыртӕн кӕй саккаг кодта, уый“.


Ды, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Дӕ цагъарӕн хӕдзар саразынӕй зӕрдӕ бавӕрдтай, ӕмӕ Дӕм кувын дӕр уымӕн уӕндын.


Паддзах мӕ бафарста: «Ӕмӕ дӕ куыд фӕнды?» Ӕз мӕхинымӕр уӕларвон Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ загътон паддзахӕн: «Паддзах цӕра, кӕд ын фӕндон у ӕмӕ мӕ йӕ хорзӕх ис, уӕд мӕ арвитӕд Иудеймӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахармӕ, ӕмӕ йӕ ногӕй саразон».


Уӕд-иу Мӕм скувут, ӕмӕ уын уӕ куывд айсдзынӕн. Ӕххуысагур Мӕм куы сдзыназат, уӕд уын дзуапп ратдзынӕн, Ӕз мӕнӕ дӕн, зӕгъгӕ. Хынджылӕггаг куы никӕйуал кӕнат, хахуыртӕ куынӕуал хӕссат,


Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.


О Дунедарӕг, фехъус нӕ, ныббар нын! Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Дӕхи сӕраппонд нын фехъус нӕ куывд! Дӕ ном куы хӕссынц Дӕ адӕм ӕмӕ Дӕ сахар!»


Куыддӕр кувын ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтай, афтӕ дын Хуыцау дӕ куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау бирӕ уарзы. Уӕдӕ ацы уац ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн бамбар.


Курут ӕмӕ уын ратдзысты, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын байгом кӕндзысты.


Корнелий загъта: «Ӕртӕ боны размӕ, ацафон, фарӕстӕм сахатыл, ӕз куывтон мӕ хӕдзары. Уӕд мӕ разы ӕрттивгӕ дарӕсы февзӕрд иу лӕг


Ӕмӕ нӕм Сыгъдӕг Уд дӕр ӕрцӕуы ӕххуысмӕ, уымӕн ӕмӕ мах стӕм лӕмӕгъ ӕмӕ нӕ зонӕм, цӕй тыххӕй ӕмӕ куыд кувын хъӕуы, уый. Уӕд Уд Йӕхӕдӕг мах тыххӕй Хуыцауӕй фӕкуры, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм сулӕфтытӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan