Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

44 Ӕмӕ мын уый афтӕ куы зӕгъа, дӕхӕдӕг дӕр бануаз, дӕ теуатӕн дӕр дын сисдзынӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу уыцы чызг фӕуӕд, Дунедарӕг ме ’лдары фыртӕн кӕй саккаг кодта, уый“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

44 Ӕмӕ мын уый афтӕ куы зӕгъа, дӕхӕдӕг дӕр бануаз, дӕ теуатӕн дӕр дын сисдзынӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу уыцы чызг фӕуӕд, Дунедарӕг ме ’лдары фыртӕн кӕй саккаг кодта, уый“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:44
11 Iomraidhean Croise  

Адамӕй цы фӕрск систа, уымӕй Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста сылгоймаджы ӕмӕ йӕ ӕрбакодта Адаммӕ.


Дӕ дурын ӕркъул кӕн ӕмӕ дон бануазон, зӕгъгӕ сӕ кӕмӕ бахатон, уый мын кӕд афтӕ зӕгъа, бануаз, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр дон бадардзынӕн, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу ӕй, Дӕ цагъар Исаакӕн кӕй саккаг кодтай, уыцы чызг фӕкӕн. Уымӕй базондзынӕн — ме ’лдары мын схайджын кодтай Дӕ хорзӕхӕй».


Мӕнӕ цъайы раз лӕууын ӕмӕ, ардӕм дон исынмӕ цы чызг рацӕуа, уымӕ бахатдзынӕн, дӕ дурыны донӕй ма мын авӕр, зӕгъгӕ.


Куывд нӕма фӕдӕн, афтӕ дын мӕнӕ рацӕуы Ревеккӕ — йӕ дурын йе уӕхскыл. Ныццыдис цъаймӕ ӕмӕ дон систа. Ӕз ӕм бадзырдтон, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ.


Адӕм хӕлттӕ сӕппарынц, фӕлӕ алы уынаффӕ дӕр Дунедарӕгӕй рацӕуы.


Цард дӕр ӕмӕ мӕлӕт дӕр — ӕвзаджы дӕлбар, йемӕ хӕларӕй чи цӕры, уый йын йӕ дыргъты ад базондзӕн.


Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыг исбон — ныййарджыты бынтӕ, зондджын усы та Дунедарӕг ратты.


Ӕууӕнкджын лӕгӕн та йӕ фӕндтӕ дӕр ӕфсармджын сты. Алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг у йӕ цӕсгом.


фӕлӕ, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы сылгоймӕгтӕн цы ӕмбӕлы, уыдӕттӕй — сӕ хорз хъуыддӕгтӕй.


Уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый уӕ рох ма уӕд. Уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, кӕй уазӕг кӕнынц, уый нӕ зонгӕйӕ, суазӕг кодтой зӕдты.


Уӕдӕ уе ’ппӕт дӕр ут ӕмзонд, кӕрӕдзийы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарзаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan