Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн бӕстӕм, мӕ хионтӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн бӕстӕм, мӕ хионтӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:4
12 Iomraidhean Croise  

Терах ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Нахор фӕцарди сӕдӕ нудӕс азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.


Дунедарӕг загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хионты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамонон, уырдӕм.


фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕн йӕ фыды уӕзӕгмӕ, йӕ мыггагмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕн ус Исаакӕн.


Цагъар ӕй бафарста: «Мыййаг, уыцы чызг мемӕ а зӕхмӕ цӕуыныл куы не сразы уа, уӕд-иу дын дӕ фырты, цы бӕстӕйӕ рацыдтӕ, уырдӕм акӕнон?»


Исаак Йаковмӕ басидт, арфӕ йын ракодта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Ханаанаг чызджытӕй ма ракур.


Фӕлтау ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мады фыд Бетуелы хӕдзармӕ, ӕмӕ уым дӕ мады ’фсымӕр Лаваны чызджытӕй искӕй ракур.


Йехода йын ракуырдта дыууӕ усы, ӕмӕ йын уыдонӕй рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.


Ӕмӕ цы бӕстӕй рацыдысты, сӕ хъуыдытӕ ууыл куы уыдаиккой, уӕд сын уыдаид аздӕхыны фадат.


Фӕлӕ йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад загътой: «Ау, нӕ мыггаг ӕмӕ нӕ адӕмы ’хсӕн сылгоймӕгтӕ нал ис? Ӕнӕсунӕт филистимӕгтӕй ус ракурын цӕмӕн сфӕнд кодтай?» Самсон дзуапп радта: «Ракурут мын уыцы чызджы, мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan