Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Дунедарӕг ме ’лдарӕн ракодта стыр арфӕ, сбонджын ӕй кодта: радта йын лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

35 Дунедарӕг ме ’лдарӕн ракодта стыр арфӕ, сбонджын ӕй кодта: радта йын лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:35
20 Iomraidhean Croise  

Аврамы хъуыддаг хорз ацыди йӕ усы фӕрцы — ӕрбафтыд ӕм лыстӕг фос ӕмӕ стурвос, хӕрджытӕ ӕмӕ теуатӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ.


Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.


Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».


Тынг хъӕздыг уыд Аврам фосӕй, ӕвзистӕй ӕмӕ сыгъзӕринӕй.


Авраам базӕронд ис. Дунедарӕг ӕй Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта йӕ алы хъуыддаджы дӕр.


Авраамы мӕлӕты фӕстӕ йын Хуыцау арфӕ ракодта йӕ фырт Исаакӕн. Исаак царди Беер-Лахай-Роийы цъаймӕ хӕстӕг.


Авраам йе ’ппӕт исбон дӕр радта Исаакӕн,


Йаков сси ӕвӕджиауы бонджын лӕг. Уыди йӕм тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг цагъартӕ, теуатӕ ӕмӕ хӕрджытӕ.


Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл, Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд: уӕларвы ’ртах ӕмӕ, зӕххы бын цы дон ис, уымӕй, дӕ хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой, дӕ байзӕддаг бирӕ-бирӕ цы бауа.


Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.


Дунедарӕджы ном кадджын уӕд скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ!


Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.


Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ Дунедарӕджы тас — сӕ фӕдыл цӕуынц хъӕздыгдзинад, цыт ӕмӕ цард.


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


Фӕлӕ уыцы цагъар йӕхинымӕр афтӕ куы зӕгъа, цӕй, мӕ хицау нырма рӕхджы нӕ фӕзындзӕни, ӕмӕ уыйадыл лӕггадгӕнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕмын куы райдайа, нуӕзтыл куы схӕца ӕмӕ расыгӕй куы цӕуа,


Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan