Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

27 ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:27
31 Iomraidhean Croise  

Иуахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Курын дӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм.


Арфӕгонд уӕд Иууылбӕрзонд Хуыцау, де знӕгты дын дӕ къухтӕм Чи радта!» Ӕмӕ Аврам Мелхиседекӕн бахуын кодта йе ’ппӕт ӕфтиӕгты дӕсӕймаг хай.


Авраамы цагъар скуывта: «О Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Гъеныр мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн! Ме ’лдар Авраамы схайджын кӕн Дӕ хорзӕхӕй!


Авраамы цагъар ӕм кастис ӕнӕдзургӕйӕ. Фӕндыд ӕй базонын, Дунедарӕг ын йӕ фӕндаг фӕрӕстмӕ кодта ӕви нӕ.


фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн бӕстӕм, мӕ хионтӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн».


Абон цъаймӕ куы ӕрбахӕццӕ дӕн, уӕд скуывтон: „Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау! Тӕхуды, цы хъуыддаджы фӕдыл рацыдтӕн, уый мын куы фӕрӕстмӕ кӕнис!


Дунедарӕджы раз мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, бакуывтон ӕмӕ арфӕ ракодтон Дунедарӕгӕн, ме ’лдар Авраамы Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ рӕствӕндаг фӕкодта, цӕмӕй ме ’лдары хионы чызджы ракурон ме ’лдары фыртӕн.


Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг.


Гъемӕ мӕ ме ’фсымӕр Исавы фыдӕхӕй бахиз! Тӕрсын, куы ’рбацӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мӕ цоты дӕр сӕ мадӕлтимӕ.


Загъта ма: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Симы Хуыцау! Ханаан йӕ цагъар суӕд Симӕн!


Ахимаац нӕма ӕрбахӕццӕ ис, афтӕмӕй ныхъхъӕр кодта паддзахмӕ: «Фарны хабӕрттӕ!» Стӕй паддзахы раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, мӕ бардарӕгмӕ, паддзахмӕ, йӕ къух чи систа, уыцы адӕмы йын йӕхи къухмӕ Чи радта, Уый!»


Фӕсвӕд искӕуыл цъыф чи калы, уыдоны дзыхтӕ сӕхгӕнын, сӕрхызт ӕмӕ ӕнӕввӕрсонӕн нӕ барын.


Ӕрцу ӕмӕ мын фервӕзын кӕн мӕ уд, фервӕзын мӕ кӕн ме знӕгты фыддӕрагӕн.


Стауӕнт уыдон Де стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг ном: сыгъдӕг у уый!


Загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Аирвӕзын уӕ кодта мысырӕгтӕ ӕмӕ фараоны къухӕй. Ацы адӕмы суӕгъд кодта мысырӕгты ӕфсондзӕй.


Рӕстӕг цыд, ӕмӕ Моисей ралӕг ис. Иуахӕмы бацыд йе ’фсымӕртӕм, израилӕгтӕм, ӕмӕ сын федта сӕ удхайраг куыст. Федта, мысыраг ын йе ’фсымӕртӕй иуы, дзуттаджы, фыр надӕй куыд мары, уый.


Дыккаг бон дӕр та сӕм бацыд, ӕмӕ дын мӕнӕ дыууӕ дзуттаджы хыл кӕнынц. Моисей ӕфхӕрӕджы фӕрсы: «Де ’мбалы цӕмӕн нӕмыс?»


Моисейы рӕзты ацыди ӕмӕ расидти: «О Дунедарӕг, Дунедарӕг, тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бараг ӕмӕ иузӕрдион Хуыцау.


Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.


Ӕз цӕуын раст фӕндагыл, раст тӕрхоны къахвӕндӕгтыл,


Ды иузӕрдион уыдзынӕ Йаковыл, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ Авраамӕн, райдианы нӕ фыдӕлтӕн сомы куыд ракодтай, афтӕ.


«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.


уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти.


Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта!


Ӕнусон Паддзахӕн — цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы ӕнӕмӕлгӕ иунӕг Хуыцауӕн — кад ӕмӕ намыс уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.


Ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Наомийӕн дзырдтой: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ӕгайтма дӕ ӕнӕ бындарӕй нӕ ныууагъта! Йӕ ном скадджын уӕд Израилы!


Давид Авигеайӕн загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, ӕгайтма дӕ абон мӕ размӕ рарвыста.


Давид фехъуыста, Навал кӕй амард, уый, ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Навал мӕ бафхӕрдта, фӕлӕ Дунедарӕг рахӕцыд мӕ фарс ӕмӕ йын йӕ фыдӕх йӕхи сӕрыл ӕруагъта. Йӕ цагъары та фыдми ракӕнынӕй бахызта». Уый фӕстӕ Давид хатджытӕ арвыста Авигеамӕ, цӕмӕй йын зӕгъой, кургӕ дӕ кӕны ӕмӕ йӕм ӕрцу, зӕгъгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan