Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Авраамы цагъар Дунедарӕджы раз ныддӕлгом ис

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

26 Авраамы цагъар Дунедарӕджы раз ныддӕлгом ис

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:26
19 Iomraidhean Croise  

Йӕ цагъартӕн загъта: «Сымах уал ам хӕрӕгимӕ фӕлӕуут, ӕз ӕмӕ мӕ лӕппу та уартӕ уырдӕм бацӕуӕм Хуыцаумӕ бакувынмӕ, стӕй уӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзыстӕм».


Ноджы ма йын загъта: «Фосӕн нӕм хъӕмп ӕмӕ холлаг бирӕ ис. Кӕм бахсӕвиуат кӕнат, уый дӕр ссардзыстӕм».


Дунедарӕджы раз мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, бакуывтон ӕмӕ арфӕ ракодтон Дунедарӕгӕн, ме ’лдар Авраамы Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ рӕствӕндаг фӕкодта, цӕмӕй ме ’лдары хионы чызджы ракурон ме ’лдары фыртӕн.


Авраамы цагъар уый куы фехъуыста, уӕд Дунедарӕджы раз ныддӕлгом ис зӕххыл.


Давид басидт ӕппӕт адӕммӕ дӕр: «Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕм раарфӕ кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ныддӕлгом сты Дунедарӕджы раз ӕмӕ паддзахы раз.


Иосафат ныддӕлгом ис Дунедарӕджы раз, иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ дӕр иууылдӕр зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын бакуывтой.


Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Езра Стыр Хуыцауӕн, Дунедарӕгӕн, раарфӕ кодта, ӕмӕ адӕм иууылдӕр, аммен, аммен, зӕгъгӕ, сӕ къухтӕ уӕлӕмӕ сдардтой. Уый фӕстӕ сӕ сӕртӕ ӕркъул кодтой, кувгӕ-кувын зӕххыл ныддӕлгом сты.


О Дунедарӕг, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!


Арвы ныхмӕ ныххӕлиу кодтой сӕ дзыхтӕ, ӕгас зӕххыл уырзӕй сгары се ’взаг.


Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.


уӕд-иу сын зӕгъут: „Уый Дунедарӕгӕн у Куадзӕны нывонд. Дунедарӕг мысырӕгты куы цагъта, уӕд израилӕгты хӕдзӕрттӕн сӕ иувӕрсты рацыд ӕмӕ нын нӕ бинонты фыдбылызӕй бахызта“». Израилӕгтӕ Дунедарӕджы раз ӕрзоныг кодтой ӕмӕ Йӕм скуывтой.


Уыцы ныхӕстӕм Моисей зӕххыл ныддӕлгом ис Хуыцауы раз


ӕмӕ баууӕндыдысты. Дунедарӕг сӕм кӕй ӕркаст ӕмӕ сын сӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй федта, уый куы фехъуыстой, уӕд зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын скад кодтой.


Цӕимӕ ӕрлӕууон Дунедарӕджы раз, уӕларвы Хуыцаумӕ цӕимӕ бакувон? Йӕ цурмӕ иууылсудзинаг нывӕндтимӕ кӕнӕ афӕдздзыд родтимӕ бацӕуон?


цӕмӕй Йесойы номы раз ӕрзоныг кӕной, уӕларв, зӕххыл ӕмӕ дӕлдзӕх чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр,


Гедеон, фын цы амоны, уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Дунедарӕгӕн арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ израилӕгты рӕсӕнуатмӕ раздӕхт ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Сыстут! Дунедарӕг уын мидианӕгты рӕсӕнуат уӕ къухмӕ радта!»


Ныр та мӕ рад у, ӕмӕ Йын ӕй дӕттын: цард-цӕрӕнбонтӕм Дунедарӕджы у». Ӕмӕ лӕппу Дунедарӕджы раз ӕрзоныг кодта уым.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan