Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Теуатӕ дон куы бануӕзтой, уӕд чызгӕн радта ӕрдӕг шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин фындзцӕг ӕмӕ дӕс шекелы уӕзӕн дыууӕ сыгъзӕрин цонгдарӕны

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

22 Теуатӕ дон куы бануӕзтой, уӕд чызгӕн радта ӕрдӕг шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин фындзцӕг ӕмӕ дӕс шекелы уӕзӕн дыууӕ сыгъзӕрин цонгдарӕны

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:22
16 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ цагъар йе ’лдары теуатӕй рахицӕн кодта дӕс, райста йын йӕ алы хӕзнатӕй дӕр ӕмӕ араст ис Арам-Нахараимы зӕхмӕ, Нахоры сахармӕ.


ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕй чызг дӕ? Кӕм бахсӕвиуат кӕнӕм, дӕ фыды хӕдзары ахӕм бынат нӕ разындзӕн?»


Ӕз ӕй бафарстон: „Кӕй чызг дӕ?“ Ӕмӕ мын дзуапп радта, Нахор ӕмӕ Милкайы фырт Бетуелы чызг дӕн, зӕгъгӕ. Уӕд ын йӕ фындзыл бакодтон фындзцӕг, йӕ къухтыл та — цонгдарӕнтӕ.


Стӕй систа ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕсы фӕлыстытӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн. Йе ’фсымӕр ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр ракодта зынаргъ лӕвӕрттӕ.


Ӕртыккаг бон Естер йӕ уӕлӕ скодта йӕ паддзахфӕлыст, ацыд ӕмӕ паддзахы дуары раз слӕууыди. Паддзах йӕ къӕлӕтджыны бадти, йӕ цӕсгом — дуары ’рдӕм.


Ӕвзистӕн ис ӕрзӕткъахӕн, сыгъзӕринӕн — куынцгом.


Ау, ӕнӕцыд чызг йӕ фӕлындӕнтӕ ферох кӕны, кӕнӕ чындз — йӕ чындздзон дарӕс? Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой раджы.


Ӕмӕ мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамелӕй, Анатоты сахары йын цы зӕххы хай уыди, уый балхӕдтон, ӕвддӕс шекелы йын ӕвзист сбарстон.


Уӕ рӕсугъддзинад ӕддаг бакастӕй — дзыккуты фаст, сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ ӕмӕ аив дарӕсӕй — ма уӕд,


Уӕдӕ уе ’ппӕт дӕр ут ӕмзонд, кӕрӕдзийы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарзаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan