Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Иу хатт Авраам загъта йӕ хӕдзары хистӕр цагъарӕн, йӕ исбон кӕй бӕрны уыд, уымӕн: «Дӕ къухӕй мын мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Иу хатт Авраам загъта йӕ хӕдзары хистӕр цагъарӕн, йӕ исбон кӕй бӕрны уыд, уымӕн: «Дӕ къухӕй мын мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:2
14 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзынӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?»


Уый райдыдта дзурын: «Ӕз Авраамы цагъар дӕн.


Мӕнӕн та ард бахӕрын кодта, йӕ фыртӕн ын, кӕй зӕххыл цӕры, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй нӕ ракурдзынӕн,


Йосеф йӕ хӕдзары уынаффӕгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Ацы адӕмӕн сӕ голджыты ныккӕн, цас афӕразой, уыйас хор ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йе ’взист йӕ голладжы нывӕр.


Израилӕн йӕ адзал куы ӕрӕввахс ис, уӕд басидт йӕ фырт Йосефмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард,


Израил загъта: «Расомы мын кӕн». Йосеф ын сомы ракодта, ӕмӕ Израил йӕ хуыссӕнуаты скуывта Хуыцаумӕ.


Йӕ хистӕр лӕггадгӕнджытӕ-иу йӕ уӕлхъус ӕрлӕууыдысты, зӕххӕй йӕ сыстын кӕнӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ сын уый нӕ куымдта ӕмӕ семӕ комдзаг дӕр нӕ кодта.


Йӕ ныхмӕ йын сусӕгвӕнд скодта йе ’фсады хицау Зимри. Уый уыди йӕ тохуӕрдӕтты ӕфсадӕн йе ’мбисы хицау. Паддзах Тирцайы сахары, йе ’ппӕт исбон дӕр кӕй бӕрны уыд, уыцы Арцайы хӕдзары куы фӕрасыг,


Паддзах Соломонӕн, иузӕрдион ыл кӕй сты, уый тыххӕй ард бахордтой ӕппӕт хицӕуттӕ, гуыппырсартӕ ӕмӕ Давиды иннӕ фырттӕ дӕр.


Нывыл разамынд цы аргъуаны хистӕртӕ дӕттынц, уыдонӕн фылдӕр аргъ кӕнын хъӕуы, Хуыцауы ныхас амоныныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл чи кусы, уӕлдайдӕр уыдонӕн.


Уый йын загъта: «Моаваг у, Наомиимӕ ӕрбацыди Моавы быдырӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan