Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

15 Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:15
22 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ Терахы байзӕддӕгтӕ. Терахӕн райгуырди фырттӕ: Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн райгуырди Лот.


Аврам ӕмӕ Нахор ӕрхастой устытӕ. Аврамы усы ном — Сарӕ, Нахоры усы ном та — Милка. Милка ӕмӕ йӕ хо Иска уыдысты Араны чызджытӕ.


Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.


Дӕ дурын ӕркъул кӕн ӕмӕ дон бануазон, зӕгъгӕ сӕ кӕмӕ бахатон, уый мын кӕд афтӕ зӕгъа, бануаз, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр дон бадардзынӕн, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу ӕй, Дӕ цагъар Исаакӕн кӕй саккаг кодтай, уыцы чызг фӕкӕн. Уымӕй базондзынӕн — ме ’лдары мын схайджын кодтай Дӕ хорзӕхӕй».


Чызг ын дзуапп радта: «Ӕз Милка ӕмӕ Нахоры фырт Бетуелы чызг дӕн».


Куывд нӕма фӕдӕн, афтӕ дын мӕнӕ рацӕуы Ревеккӕ — йӕ дурын йе уӕхскыл. Ныццыдис цъаймӕ ӕмӕ дон систа. Ӕз ӕм бадзырдтон, дон-ма мын авӕр, зӕгъгӕ.


Исаакыл цыди дыууиссӕдз азы, Паддан-Арамӕй йын арамейаг Бетуелы чызг Ревеккӕйы, Лаваны хойы, куы ӕрхастой, уӕд.


Йаков та сӕ бафарста: «Нахоры байзӕддаг Лаваны зонут?» Загътой: «Зонӕм ӕй».


Йаков ма семӕ куыд ныхас кодта, афтӕ йӕ фыды фысвосимӕ ӕрбахӕццӕ ис Рахел дӕр — уый сӕ хызта.


Уыдон та мыл ныр мӕ зыны сахат ӕрбамбырд сты ӕмӕ фыр цинӕй райынц, ӕз кӕй фӕкалдтӕн, ууыл. Нӕ йӕ ’мбарын, цы мыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ацы фидисгӕнджытӕ, иудадзыг мӕ тухӕнӕй цы марынц!


Сыстаут Ын Йӕ ном, скад Ын кӕнут!


афтӕ ӕрбацыдысты Мидианы сауджыны авд чызджы, цӕмӕй сӕ фыды дзугӕн тӕгӕнатӕм дон сисой.


Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ цӕст дары, ӕвдӕлонӕй къӕбӕр нӕ хӕры.


Уӕд-иу Мӕм скувут, ӕмӕ уын уӕ куывд айсдзынӕн. Ӕххуысагур Мӕм куы сдзыназат, уӕд уын дзуапп ратдзынӕн, Ӕз мӕнӕ дӕн, зӕгъгӕ. Хынджылӕггаг куы никӕйуал кӕнат, хахуыртӕ куынӕуал хӕссат,


Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.


Руф суанг изӕрмӕ ӕфсиртӕ фӕуыгъта хуымы. Базгъӕлдта сӕ, ӕмӕ дзы иу ефӕйы бӕрц хъӕбӕрхор ӕрӕвзӕрди.


Моаваг Руф загъта Наомийӕн: «Уӕд та хуыммӕ фӕцӕуин. Кӕд мӕм исчи дзӕбӕх цӕстӕй ракӕса, уӕд йӕ фӕстӕ ӕфсиртӕ уидздзынӕн». Наоми йын дзуапп радта: «Фӕцу, мӕ къона».


Сахармӕ фӕндагыл, къуылдымыл, куы фӕхӕрд кодтой, уӕд амбӕлдысты дондзау чызджытыл ӕмӕ сӕ бафарстой: «Зонынджын ам ис ӕви нӕ?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan