Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 24:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Дӕ дурын ӕркъул кӕн ӕмӕ дон бануазон, зӕгъгӕ сӕ кӕмӕ бахатон, уый мын кӕд афтӕ зӕгъа, бануаз, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр дон бадардзынӕн, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу ӕй, Дӕ цагъар Исаакӕн кӕй саккаг кодтай, уыцы чызг фӕкӕн. Уымӕй базондзынӕн — ме ’лдары мын схайджын кодтай Дӕ хорзӕхӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Дӕ дурын ӕркъул кӕн ӕмӕ дон бануазон, зӕгъгӕ сӕ кӕмӕ бахатон, уый мын кӕд афтӕ зӕгъа, бануаз, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр дон бадардзынӕн, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу ӕй, Дӕ цагъар Исаакӕн кӕй саккаг кодтай, уыцы чызг фӕкӕн. Уымӕй базондзынӕн — ме ’лдары мын схайджын кодтай Дӕ хорзӕхӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 24:14
22 Iomraidhean Croise  

Аврам бафарста: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, цӕмӕй бӕрӕг у, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый?»


Мӕнӕ лӕууын цъайы цур, ӕмӕ ныртӕккӕ сахары чызджытӕ рацӕудзысты донмӕ.


Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг.


Уый загъта: «Бануаз, ме ’лдар», — дурын йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ йын дон радта.


Авраамы цагъар куы бануӕзта, уӕд ын чызг афтӕ: «Ныртӕккӕ дын дӕ теуатӕн дӕр сисдзынӕн, уадз ӕмӕ сӕ фаг бануазой».


Мӕнӕ цъайы раз лӕууын ӕмӕ, ардӕм дон исынмӕ цы чызг рацӕуа, уымӕ бахатдзынӕн, дӕ дурыны донӕй ма мын авӕр, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ мын уый афтӕ куы зӕгъа, дӕхӕдӕг дӕр бануаз, дӕ теуатӕн дӕр дын сисдзынӕн дон, зӕгъгӕ, гъеуӕд-иу уыцы чызг фӕуӕд, Дунедарӕг ме ’лдары фыртӕн кӕй саккаг кодта, уый“.


Йоав Амасайы фӕрсы: «Куыд дӕ, ме ’фсымӕр?» — ӕмӕ йын рахиз къухӕй йӕ боцъомӕ бавнӕлдта, цыма йын ба кодта, афтӕ.


Ӕмӕ, цыма тута бӕлӕсты цъуппытӕй къахуынӕр хъуысы, афтӕ дӕм куы фӕкӕса, уӕд-иу райдай хӕцын — уый Дунедарӕг рацыди дӕ разӕй филистимӕгты ӕфсад цӕгъдынмӕ».


Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыг исбон — ныййарджыты бынтӕ, зондджын усы та Дунедарӕг ратты.


«Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу».


ӕмӕ иудадзыг курын, кӕд Хуыцауӕн фӕндиаг уа, уӕд мын, ӕппынфӕстаг, куыд бантыса сымахмӕ фӕцӕуын.


Уыдон ын загътой: «Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрцыдыстӕм, уымӕн йӕ кӕрон хорз уыдзӕн ӕви нӕ, уый-ма нын базон, бафӕрс-ма Хуыцауы».


Гедеон Ын загъта: «Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд мын исты нысан фенын кӕн, мемӕ Дӕхӕдӕг кӕй дзурыс, уый ӕвдисӕнӕн.


Уӕдӕ кӕс, мӕнӕ ӕз ацы ран, мусы, ӕвӕрын ногӕлвыд фысы хъуын. Хъуыныл ӕртӕх куы фӕзына, йӕ алыварс цы зӕхх ис, уый та хусӕй куы баззайа, уӕд мӕ бауырндзӕни, Ды Израилы мӕ къухӕй кӕй фервӕзын кӕндзынӕ, уый, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ».


Ӕмӕ дын „хорз“, зӕгъгӕ, куы зӕгъа, уӕд дӕ цагъарӕн ницы тас у. Фӕлӕ иугӕр рамӕсты, уӕд ӕй зон: фыдвӕнд ис йӕ зӕрды.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan