Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 22:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕрӕг кӕндзӕн, иууылсудзинаг нывондӕн цы уӕрыкк хъӕуы, уый». Ӕмӕ цыдысты дарддӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕрӕг кӕндзӕн, иууылсудзинаг нывондӕн цы уӕрыкк хъӕуы, уый». Ӕмӕ цыдысты дарддӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 22:8
14 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».


Уыцы бынат Авраам схуыдта Йахве-Ире. Уымӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц ныр дӕр, Дунедарӕджы хохыл бӕрӕг уыдзӕни, зӕгъгӕ.


Исаак дзуры йӕ фыд Аврааммӕ: «Мӕ фыд!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул». Исаак бафарста: «Зынг ӕмӕ нӕм суг бӕргӕ ис, фӕлӕ уӕрыкк та кӕм ис иууылсудзинагӕн?»


Хуыцау ын цы бынатӕй загъта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраам уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл сугтӕ равӕрдта. Уый фӕстӕ йӕ фырт Исаакы сбаста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нывондхӕссӕныл, сугты уӕлӕ.


Илийа йын загъта: «Ды ам лӕуу! Дунедарӕг мӕн Иорданмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ та йын Елисей расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн!» Ӕмӕ иумӕ ацыдысты.


Амациа йын дзуапп радта: «Ӕмӕ израилаг ӕфсадӕн цы сӕдӕ таланты радтон, уыдонӕн та цы кӕнон?» Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ын загъта: «Дунедарӕджы бон дын у уымӕй бирӕ фылдӕр раттын».


Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр у Йӕ бон».


Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.


Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк».


Ӕмӕ йӕм бакувдзысты, дуне сфӕлдисыны размӕ нывондӕн нысангонд Чи ӕрцыд, уыцы Уӕрыкмӕ царды чиныджы сӕ нӕмттӕ фыст кӕмӕн не сты, уыцы зӕххон цӕрджытӕ иууылдӕр.


ӕмӕ хъӕрӕй дзырдтой: «Нывондӕн Кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы Уӕрыкк у кад, намыс ӕмӕ арфӕйы аккаг; Уый у тыхджын ӕмӕ хъӕздыг, куырыхон ӕмӕ хъомысджын!»


Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та — цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уӕрыккӕн уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, ахӕм хуыз. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты — ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.


Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan