Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 22:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Исаак дзуры йӕ фыд Аврааммӕ: «Мӕ фыд!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул». Исаак бафарста: «Зынг ӕмӕ нӕм суг бӕргӕ ис, фӕлӕ уӕрыкк та кӕм ис иууылсудзинагӕн?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 Исаак дзуры йӕ фыд Аврааммӕ: «Мӕ фыд!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул». Исаак бафарста: «Зынг ӕмӕ нӕм суг бӕргӕ ис, фӕлӕ уӕрыкк та кӕм ис иууылсудзинагӕн?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 22:7
12 Iomraidhean Croise  

Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕрӕг кӕндзӕн, иууылсудзинаг нывондӕн цы уӕрыкк хъӕуы, уый». Ӕмӕ цыдысты дарддӕр.


Ной Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый фӕстӕ райста алы сыгъдӕг фосӕй ӕмӕ алы сыгъдӕг мӕргътӕй ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ.


Израилы дзыллӕйӕн фехъусын кӕнут, йӕ дӕсӕм бон уӕ алы хӕдзар дӕр йӕ лыстӕг фосӕй иу уӕрыкк рахицӕн кӕнӕд, зӕгъгӕ.


Алы бон дӕр-иу уыцы нывондхӕссӕныл нывондӕн ӕрхӕсс дыууӕ уӕрыччы.


Йӕхӕдӕг иу чысыл ӕддӕдӕр ацыд, зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».


Ногӕй та фӕхибар кодта Йӕхи ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕн ӕнӕ бануазгӕ нӕй, уӕд, Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».


Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.


Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк».


Фӕлӕ Йесо загъта Петрӕн: «Нывӕр дӕ кард кӕрддзӕмы. Ау, Мӕ Фыд Мын цы хъизӕмӕртты кӕхц ӕрцӕттӕ кодта, уый хъуамӕ ма бануазон?»


Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасимӕ цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ уӕ Чи скодта, уыцы Удӕй, ӕмӕ Уый фӕрцы ныхъхъӕр кӕнӕм: «Абба! Нӕ Фыд!»


Ӕмӕ йӕм бакувдзысты, дуне сфӕлдисыны размӕ нывондӕн нысангонд Чи ӕрцыд, уыцы Уӕрыкмӕ царды чиныджы сӕ нӕмттӕ фыст кӕмӕн не сты, уыцы зӕххон цӕрджытӕ иууылдӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan