Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 22:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ! Мацы йын бакӕн! Ныр зонын, Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, ӕмӕ Мын дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

12 Зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ! Мацы йын бакӕн! Ныр зонын, Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, ӕмӕ Мын дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 22:12
42 Iomraidhean Croise  

Авраам дзуапп радта: «Ӕз загътон: „Ацы ран Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсынц ӕмӕ мӕ мардзысты мӕ усы тыххӕй“.


Авраам акаст ӕмӕ федта: пыхсыты йӕ сытӕ ныссагъдысты иу фырӕн. Авраам ӕм бацыди, суӕгъд ӕй кодта ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты бӕсты.


«Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай,


Хуыцау загъта: «Демӕ ракӕн дӕ иунӕг, дӕ уарзон фырт Исаакы ӕмӕ араст у Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ уым, цы хохӕй дын зӕгъон, ууыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс».


Авраам Мӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ Мын Мӕ ныстуантӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй».


Ӕртыккаг бон сын Йосеф загъта: «Ӕз Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ уын зӕгъын, удӕгасӕй баззайдзыстут, мӕнӕ афтӕ куы бакӕнат, уӕд.


Мӕ размӕйы облӕсты хицӕуттӕ та адӕмыл уаргъ ӕвӕрдтой: ӕвзисты дыууиссӕдз шекелӕй уӕлӕмӕ ма адӕмӕй домдтой хор ӕмӕ сӕн. Суанг ма сӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр ӕлдариуӕг кодтой адӕмӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын.


Бӕстӕйы, Уц, зӕгъгӕ, уым, цардис иу лӕг, йӕ ном — Иов. Ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, Хуыцауы тас ӕм уыди ӕмӕ йӕхи хызта исты фыддзинад ракӕнынӕй.


Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».


Ӕхсӕз бӕллӕхӕй дӕ бахиздзӕн, ӕвдӕм дӕм хӕстӕг не ’рбацӕудзӕн.


Уымӕн ӕмӕ рӕстудты фӕндагмӕ Дунедарӕг Йӕ цӕст дары, фыдгӕнджыты фӕндаг та сӕфтмӕ кӕны.


Ӕнӕхуыцау ӕм хӕлӕгӕй мӕлдзӕн, йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн ӕмӕ баруайдзӕн. Ӕнаккӕгты фӕндиӕгтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты!


Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнут тасимӕ ӕмӕ райут, стъӕлфгӕйӕ.


Раст фӕндагыл слӕууыдысты мӕ къӕхтӕ, ӕмбырдты Дунедарӕджы стаудзынӕн!


Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут. Хуыцау ӕрцыди уӕ бафӕлварынмӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы тас уа ӕмӕ тӕригъӕды ма цӕуат».


Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.


Ныр ӕппӕт адӕттӕм куы байхъуыстай, уӕд дын мӕнӕ мӕ ныстуан: кад кӕн Хуыцауӕн ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй ӕндӕр ницы баззайы ӕнусмӕ.


Баалӕн кувӕндӕттӕ сарӕзтой, цӕмӕй йын иууылсудзинаг нывондӕн сӕ сывӕллӕтты арты судзой! Ӕз ахӕм бардзырд никуы радтон! Уый Мӕнӕн Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыди!


Ӕз семӕ сараздзынӕн ӕнусон фидыд ӕмӕ сӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ никуыуал ныууадздзынӕн, Мӕ хорзӕхӕй сӕ ӕнӕхай никуыуал фӕкӕндзынӕн. Сӕ зӕрдӕты сын тас бавӕрдзынӕн, цӕмӕй Мӕ тӕрсой, се ’ргом Мӕ мауал аздахой.


Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут.


Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.


Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, ууыл уыдӕттӕ фондзыссӕдз ахӕмӕй бафтдзысты фӕстӕмӕ ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй.


Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.


Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ма фесӕфой, фӕлӕ сын уа мыггагмӕйы цард.


Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.


Фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уый Хуыцау равдыста, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд Чырысти мах сӕраппонд кӕй амард, уымӕй.


Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ не ’ппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?


Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не ’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн.


Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.


Авраам ӕууӕндыд, Хуыцауӕн Йӕ бон кӕй у йӕ фырт Исаакы мӕрдтӕй дӕр райгас кӕнын, ӕмӕ йын ӕй ӕцӕгӕйдӕр фӕстӕмӕ радта йӕ фырты, ӕмӕ уый фӕсномыгӕй амыдта фидӕнмӕ.


Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.


Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ уырнындзинад ис, мӕнмӕ та — хъуыддӕгтӕ». Фенын мын кӕн дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад мӕ хъуыддӕгтӕй равдисдзынӕн.


Уӕд паддзахы бадӕнӕй райхъуысти: «Ӕппӕлут нӕ Хуыцауӕй, Йе ’ппӕт цагъартӕ, Йӕ тас кӕй мидӕг ис, уыдон — номдзыдтӕ ӕмӕ хуымӕтӕгтӕ».


Самуел ын загъта: «Ау, Дунедарӕгӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ Йӕ дзырдмӕ Йын хъусынӕй ӕхцондӕр фесты? Нӕ! — уисӕн кӕнын хуыздӕр у нывондӕй, коммӕ кӕсын та — тохъхъылты фиуӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan