Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 22:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй фӕсидти: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

11 афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй фӕсидти: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 22:11
21 Iomraidhean Croise  

Агармӕ ӕдзӕрӕг быдыры, Шурмӕ фӕндагыл суадоны цурмӕ фӕзынди Дунедарӕджы зӕд


Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ фӕсидти: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй.


Уӕлӕмӕ сыст! Сывӕллоны сыстын кӕн ӕмӕ йын йӕ къухыл фидар хӕц! Ӕз уымӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм».


Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Хуыцау фӕлвӕрдта Авраамы. Басидт ӕм: «Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».


Фӕлӕ куыддӕр кард райста йӕ фырты аргӕвдынмӕ,


Зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ! Мацы йын бакӕн! Ныр зонын, Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, ӕмӕ Мын дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый».


«Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай,


Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕй мӕ Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх раттыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвы Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕн Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай.


Хуыцауы зӕд мӕм фыны басидт: „Йаков!“ Ӕз ын дзуапп радтон: „Хъусын дӕм“.


Израил Йосефӕн загъта: «Зоныс ӕй, де ’фсымӕртӕ Шехемы быдырты фос хизынц, уый, ӕмӕ дӕ, зӕгъын, уыдонмӕ арвитон». Уый дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн».


Ӕхсӕвы йӕм Хуыцау ӕргом рацыди ӕмӕ йӕм фӕсидти: «Йаков! Йаков!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».


алы бӕллӕхӕй мӕ Чи хызта, уыцы зӕд — ракӕнӕд ацы лӕппутӕн арфӕ! Ацы лӕппутӕ хӕссӕнт мӕ ном, мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаакы ном! Дунейыл ӕнӕнымӕц бирӕ бауӕд сӕ байзӕддаг!»


Уыцы ран ӕм Дунедарӕджы зӕд раргом ис арты ӕвзӕгты, судзгӕ сындзкъутӕрӕй. Моисей федта: къутӕрыл арт сирвӕзт, фӕлӕ йӕ нӕ судзы.


Дунедарӕг федта, Моисей хӕстӕгдӕр бацыд, уый ӕмӕ йӕм къутӕрӕй радзырдта: «Моисей! Моисей!» Уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!»


Уый фӕстӕ ӕз фехъуыстон Дунедарӕджы хъӕлӕс: «Кӕй арвитон? Чи Нын суыдзӕни минӕвар?» Ӕмӕ ӕз дзуапп радтон: «Мӕнӕ дӕн, мӕн арвит!»


Не ’ппӕт дӕр ӕрхаудыстӕм зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мӕм чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ цӕуын“.


Савл ӕрхауди зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?»


Дунедарӕджы зӕд Гилгалы сахарӕй Бохиммӕ ӕрцыд ӕмӕ израилӕгтӕн фехъусын кодта: — Израилӕгтӕ! Ӕз уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй. Уӕ фыдӕлтӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уырдӕм уӕ ӕркодтон ӕмӕ загътон: «Ӕз, не ’хсӕн цы фидыд ис, уый никуы фехалдзынӕн,


Дунедарӕг ӕрбацыди, ӕрлӕууыд ӕмӕ та ногӕй фӕсидти: «Самуел! Самуел!» Самуел дзуапп радта: «Дзур, хъусы Дӕм Дӕ цагъар».


Дунедарӕг фӕсидти Самуелмӕ, ӕмӕ уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan