Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 21:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Саби фӕхъомыл ис. Риуӕй иртӕст цы бон ӕрцыд, уыцы бон Авраам скодта стыр куывд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Саби фӕхъомыл ис. Риуӕй иртӕст цы бон ӕрцыд, уыцы бон Авраам скодта стыр куывд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 21:8
16 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ сӕм Лот тынг ӕрхатыд, ӕмӕ уӕд бацыдысты хӕдзармӕ. Лот сын фынг ацӕттӕ кодта, донгонд дзултӕ дӕр сын акодтой, ӕмӕ бахордтой.


Йӕ ныхасыл ма бафтыдта: «Чи загътаид Авраамӕн, Саррӕйы риуы ма сывӕллонӕн ӕхсыр фӕзындзӕни, зӕгъгӕ? Ныр ын йӕ зӕры бон ныййардтон фырт».


Иуахӕмы Саррӕ федта, Авраамӕн мысыраг Агар кӕй ныййардта, уыцы лӕппу йын йӕ фырт Исаакыл йӕхи худӕгӕй кӕй хӕссы,


Уый фӕстӕ сын Исаак куывд скодта, ӕмӕ фӕминас кодтой.


Лаван ӕрхуыдта ӕппӕт сыхбӕсты дӕр ӕмӕ куывд скодта.


Ӕртыккаг бон уыди фараоны гуырӕнбон, ӕмӕ куывд скодта йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн. Йӕ дӕлдӕрты раз бӕрзонд систа йӕ хистӕр дзагдары ӕмӕ йӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы:


Ссӕдз лӕджы йемӕ, афтӕмӕй схӕццӕ ис Давидмӕ, Хевронмӕ, ӕмӕ сын Давид куывд скодта.


Соломон райхъал ис ӕмӕ бамбӕрста, фын федта, уый. Уӕд ацыд Йерусалиммӕ, ӕрлӕууыди Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ, стӕй скодта куывд ӕмӕ цӕл-минасмӕ ӕрхуыдта йе ’ппӕт дӕлдӕрты.


Паддзах куы сси, уымӕн йе ’ртыккаг аз Ксеркс куывд скодта, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты иууылдӕр фӕхуыдта. Уым уыдысты персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕфсӕддон разамонджытӕ, уӕздӕттӕ, йӕ паддзахады бӕстыхицӕуттӕ.


куыд басомы кодта Дунедарӕгӕн, дзырд куыд радта Йаковы Хъомысджынӕн:


Лорухамӕйы риуӕй куы фӕиртӕста, уӕд та Гомер басывӕрджын ис, ӕмӕ лӕппу ныййардта.


Ӕмӕ мӕнӕ Самсоны фыд чызджы хӕдзармӕ бацыди. Усгур лӕппуты ’гъдаумӕ гӕсгӕ Самсон уым куывд скодта.


Самсон сын загъта: «Цӕй ӕмӕ уын уыци-уыци радзурон. Куывд авд боны фӕстӕ фӕуыдзӕнис, ӕмӕ йӕ кӕд уӕдмӕ базонат, уӕд уын ратдзынӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз хӕдоны гӕнӕй уафт хъуымацӕй, стӕй ма ноджыдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕлысты.


Аннӕ та нӕ ацыди. Йӕ мойӕн загъта: «Саби риуӕй иртӕст куы ’рцӕуа, уӕд ӕй мӕхӕдӕг фӕхӕццӕ кӕндзынӕн Дунедарӕджы размӕ, ӕмӕ уыйадыл уым баззайдзӕн».


Риуӕй иртӕст куы ӕрцыди саби, уӕд йемӕ ацыди Силоммӕ. Йемӕ ракодта ӕртӕаздзыд гал, райста ссады иу ефӕ ӕмӕ сӕны лалым, ӕмӕ афтӕмӕй ссыдысты Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Лӕппу нырма ӕнахъом уыди.


Уӕд Авигеа сыздӕхти Навалмӕ. Уымӕн уыцы рӕстӕг йӕ хӕдзары уыди куывд, растдӕриддӕр паддзахы куывды хуызӕн. Навал дзӕбӕх бахъӕлдзӕг, барасыг, ӕмӕ йын Авигеа боны срухсмӕ ницы ской кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan