Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 21:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Саррӕ загъта: «Фӕхудын мӕ кодта Хуыцау. Ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр фӕхуддзӕни мемӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Саррӕ загъта: «Фӕхудын мӕ кодта Хуыцау. Ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр фӕхуддзӕни мемӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 21:6
17 Iomraidhean Croise  

Авраам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз, фӕлӕ йӕхинымӕр бахудт: «Нӕ зонын, фондзыссӕдзаздзыд зӕрондӕн ма исты рантыса? Дӕс ӕмӕ цыппарыссӕдзаздзыд Саррӕ дӕр ма исты ныййара?»


Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ, фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн, Дӕ хорзӕхы, Дӕ ӕцӕгады сӕраппонд!


Сӕударӕй дзӕгъӕлы сыстут, ӕнафонмӕ дзӕгъӕлы фӕбадут — фыдӕбонгӕнгӕ бакусут къӕбӕрваг. Дунедарӕг кӕй уарзы, уыдон та фынӕй кӕнынц ӕнӕмӕтӕй.


Фӕлӕ Дунедарӕг загъта: «Мад йӕ дзидзидай хъӕбулы куыд хъуамӕ ферох кӕна, куыннӕ хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕна, цы сабийы ныййардта, уымӕн? Чи зоны ӕмӕ уый ферох кӕна йӕ сабийы, фӕлӕ Ӕз нӕ ферох кӕндзынӕн сымах.


Ды дӕхинымӕр дзурдзынӕ, адоны мын чи ныййардта, мӕ цот куы бабын сты, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг куы уыдтӕн, зӕгъгӕ. Мӕн уацары куы акодтой, уӕд адоны чи схаста? Ӕз зыбыты иунӕг куы уыдтӕн, уӕд адон кӕцӕй фесты?»


«Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг, сывӕллон чи никуы ныййардта, уый! Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уый! Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот уыдзӕни моймӕдзыдӕй». Афтӕ загъта Дунедарӕг Сионы сахарӕн.


Мӕ фыдмӕ, фырт дын райгуырди, зӕгъгӕ, хӕрзӕггурӕггаг чи фӕци ӕмӕ йӕ уымӕй амондджын чи скодта, уый ӕлгъыст фӕуӕд!


Дӕ фырт дын стыр цин ӕрхӕсдзӕн, йӕ райгуырдыл бирӕтӕ бацин кӕндзысты,


Хуыцау ын стыр арфӕ кӕй ракодта, уый фехъуыстой йӕ сыхӕгтӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ цин кодтой йемӕ.


Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.


Саррӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыди, йӕ цот кӕныны афон дӕр аивгъуыдта, фӕлӕ йӕм уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ басывӕрджын ис. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыг нӕ кодта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы.


Аннӕ загъта: «Ме ’лдар цӕра, ӕз, ацы ран чи лӕууыд ӕмӕ Дунедарӕгмӕ чи куывта, уыцы сылгоймаг дӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan