Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 21:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Аст боны йыл куы рацыди, уӕд ын Авраам сунӕт скодта, Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Аст боны йыл куы рацыди, уӕд ын Авраам сунӕт скодта, Хуыцау куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 21:4
9 Iomraidhean Croise  

Ӕрцӕуӕггаг чи у уе ’хсӕн, уый куы бафӕнда Дунедарӕджы Куадзӕн сбӕрӕг кӕнын, уӕд-иу ын йӕ хӕдзары нӕлгоймӕгтӕн се ’гасӕн дӕр сунӕт скӕнут. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни Куадзӕн скӕнын, уымӕн ӕмӕ нымад ӕрцӕудзӕни бынӕттон цӕрӕгыл. Ӕнӕсунӕттӕй дзы мачи саходӕд.


Ӕстӕм бон-иу лӕппу сунӕтгонд ӕрцӕуӕд.


Ӕстӕм бон ӕрбацыдысты сывӕллонӕн сунӕт скӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй йыл йӕ фыды ном — Захариа — сӕвӕрой,


Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн Йӕ сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ мады гуыбыны дӕр куы нӕма сӕвзӕрди, уӕд.


Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаакӕн райгуырд Йаков, Йаковӕн та — дыууадӕс фырты, нӕ рагфыдӕлтӕ.


Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan