Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 21:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Кӕрӕдзийӕн ард кӕй бахордтой, уымӕ гӕсгӕ ацы бынат уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыйны Беер-Шевӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

31 Кӕрӕдзийӕн ард кӕй бахордтой, уымӕ гӕсгӕ ацы бынат уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыйны Беер-Шевӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 21:31
14 Iomraidhean Croise  

Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.


Беер-Шевӕйы Авраамимӕ куы бафидыдтой, уӕд Авимелех ӕмӕ йе ’фсады хицау Пихол фӕстӕмӕ аздӕхтысты филистимаг зӕхмӕ.


Уырдыгӕй Исаак ссыди Беер-Шевӕмӕ.


Райсомӕй раджы кӕрӕдзийӕн ард бахордтой, ӕмӕ сӕ Исаак фарнимӕ афӕндараст кодта.


Исаак уыцы цъай схуыдта Шива Сахар ныронг дӕр уымӕ гӕсгӕ хуыйны Беер-Шевӕ.


Израил йе ’ппӕт исбонимӕ сыстади Ханааны зӕххӕй. Беер-Шевӕмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ.


Гъемӕ дын мӕнӕ мӕ уынаффӕ: ӕрбамбырд дӕм уӕнт ӕппӕт Израил, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр ис, уыдон, денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц куыд уой, афтӕ, ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр семӕ рацу.


стӕй ацыдысты Тиры фидармӕ, дарддӕр та хиввӕгты ӕмӕ ханаанӕгты ӕппӕт сахартӕм; ӕппынфӕстаг ахӕццӕ сты хуссар Иудеймӕ, Беер-Шевӕйы сахармӕ.


Илийа йӕ удӕн фӕтарсти уыцы ӕртхъирӕнӕй ӕмӕ алыгъд. Иудейаг сахар Беер-Шевӕмӕ куы ныххӕццӕ, уӕд уым йӕ лӕггадгӕнӕджы ныууагъта,


Соломоны заман Иудей ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр, Данӕй Беер-Шевӕйы онг, цардысты ӕдасӕй. Алчидӕр-иу сӕ йӕхи йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ирхӕфста йӕ сӕнӕфсир, йӕ легъуийы бын.


Хацар-Шуалы, Беер-Шевӕйы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты,


Ма цӕут Вефилмӕ, Гилгал ӕмӕ Беер-Шевӕмӕ. Гилгалы цӕрджыты иууылдӕр уацары акӕндзысты, Вефилӕн та зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн».


Хацар-Шуал, Беер-Шевӕ йӕ сахаргӕрӕттимӕ,


Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan