Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 21:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Саррӕ банхъӕлцау ис ӕмӕ, Хуыцау цы афоны кой кодта, уыцы афон Авраамӕн йӕ зӕры бон ныййардта фырт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Саррӕ банхъӕлцау ис ӕмӕ, Хуыцау цы афоны кой кодта, уыцы афон Авраамӕн йӕ зӕры бон ныййардта фырт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 21:2
12 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Хуыцау загъта: «Дӕ ус Саррӕ дын ныййардзӕни фырт, ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Исаак. Ӕз уыимӕ ӕмӕ йӕ байзӕддагимӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.


Ӕцӕг, фидыд сараздзынӕн, Саррӕ дын иннӕ ацафон кӕй ныййара, уыимӕ — Исаакимӕ».


Уазӕг загъта: «Ӕз дӕм ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзынӕн инназ ацафон, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу». Саррӕ лӕууыди уазӕджы фӕстӕ, цатыры къӕсӕры раз, ӕмӕ сӕм уырдыгӕй хъуыста.


Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».


Мӕнӕ ма, ӕнӕзӕнӕг кӕй хуыдтой, уыцы Елисаветӕ дӕр, дӕ хӕстӕг, зӕрондӕй куы банхъӕлцау ӕмӕ йыл ныр ӕхсӕзӕм мӕй куы цӕуы.


Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаакӕн райгуырд Йаков, Йаковӕн та — дыууадӕс фырты, нӕ рагфыдӕлтӕ.


Мӕнӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд: «Ӕрцӕудзынӕн нысангонд рӕстӕджы, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».


Фыст у: «Авраамӕн уыди дыууӕ фырты — сӕ иу райгуырди цагъар сылгоймагӕй, иннӕ та — сӕрибар сылгоймагӕй».


Саррӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыди, йӕ цот кӕныны афон дӕр аивгъуыдта, фӕлӕ йӕм уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ басывӕрджын ис. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыг нӕ кодта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы.


Фӕлӕ уын Ӕз уӕ фыдӕл Авраамы ӕрбакодтон доны фалейӕ, фенын ын кодтон Ханааны зӕхх иууылдӕр ӕмӕ йын йӕ байзӕддаджы сбирӕ кодтон. Радтон ын фырт — Исаакы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan