Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 21:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ фӕсидти: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

17 Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ фӕсидти: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 21:17
31 Iomraidhean Croise  

Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».


Ноджыдӕр ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Гъеныр ды ӕнхъӕлцау дӕ, гъеныр лӕппу ныййардзынӕ. Сӕвӕр-иу ыл Измаел — Дунедарӕг фехъуыста, фехъуыста дӕ дзыназын.


Агармӕ ӕдзӕрӕг быдыры, Шурмӕ фӕндагыл суадоны цурмӕ фӕзынди Дунедарӕджы зӕд


ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Агар, Сарӕйы унӕут, кӕцӕй рацыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Уый дзуапп радта: «Ме ’хсин Сарӕйӕ лидзын».


Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Аздӕх де ’хсинмӕ ӕмӕ йын быхс».


афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй фӕсидти: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».


Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕй мӕ Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх раттыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвы Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕн Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай.


Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».


Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Ма тӕрс, цу Мысырмӕ — уым дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм.


Фӕлӕ сӕм уӕддӕр Дунедарӕджы зӕрдӕ фӕсасти ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ. Нал Ӕй бафӕндыд сӕ фесафын ӕмӕ сӕ нал аздӕхта Йе ’ргом.


Фӕлӕ Йоахаз Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кодта, ӕмӕ йӕм Дунедарӕг байхъуыста, уымӕн ӕмӕ федта, Арамы паддзах израилӕгты куыд ӕфхӕрдта, уый.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


Мӕ цӕстыты рухс ахуыссыди мастӕй, ме знӕгты фыдӕй рӕстмӕ уынгӕ дӕр нал кӕнын.


Сыстаут Ын Йӕ ном, скад Ын кӕнут!


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.


Куы сӕ ’фхӕрат, уӕд Мӕм ӕххуысагур сдзыназдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн,


уымӕн ӕмӕ йын уый йеддӕмӕ, йӕхи цӕмӕй ӕрӕмбӕрза, ахӕм ӕндӕр ницы ис. Ӕнӕ уымӕй куыд ныххуысдзӕн? Куы Мӕм сдзыназа, уӕд ӕй Ӕз фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг дӕн.


Уыцы ран ӕм Дунедарӕджы зӕд раргом ис арты ӕвзӕгты, судзгӕ сындзкъутӕрӕй. Моисей федта: къутӕрыл арт сирвӕзт, фӕлӕ йӕ нӕ судзы.


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Рагуац Цӕстылуайӕнты дӕлвӕзы тыххӕй. Дӕ цӕрджытӕ уӕлхӕдзӕрттӕм цы схызтысты?


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Йесо фӕсидти Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны Мемӕ сты ӕмӕ, цы бахӕрой, уый сын нӕй. Ӕххормагӕй сӕ ауадзон, уый та Мӕ нӕ фӕнды — фӕндагыл бастайдзысты».


Фӕлӕ Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд».


Сдзынӕзтам Дунедарӕгмӕ, нӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, ӕмӕ нын Дунедарӕг фехъуыста не ’рдиаг. Уый нын федта нӕ фыдбылызтӕ, нӕ фыдӕбӕттӕ ӕмӕ не ’фхӕрд.


Даны байзӕддӕгтӕ фӕсте хъӕртӕ куы айхъуыстой, уӕд разылдысты ӕмӕ Михайы бафарстой: «Цы дӕ хъӕуы? Цӕмӕн ӕрӕмбырд кодтай адӕмы?»


Уыцы рӕстӕг Саул йӕ галты фӕстӕ ӕрбацӕйцыди быдырӕй ӕмӕ бафарста: «Цы ’рцыди адӕмыл, цӕуыл кӕуынц?» Ӕмӕ йын Иавешы цӕрджыты ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan