Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 20:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фыны йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, ацы хъуыддаджы дӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ Мӕхӕдӕг баурӕдтон тӕригъӕд ракӕнынӕй Мӕ разы — уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ бауагътон ацы сылгоймагмӕ бавналын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Фыны йын Хуыцау загъта: «Ӕз дӕр ӕй зонын, ацы хъуыддаджы дӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ Мӕхӕдӕг баурӕдтон тӕригъӕд ракӕнынӕй Мӕ разы — уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ бауагътон ацы сылгоймагмӕ бавналын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 20:6
22 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг уый размӕ Авраамы ус Саррӕйы тыххӕй Авимелехы хӕдзары ӕппӕт сылгоймӕгтӕн дӕр сӕхгӕдта сӕ зӕнӕгдон.


Авимелех йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Ацы лӕджы кӕнӕ йын йӕ усы чи бахъыгдара, уымӕн ӕнӕ амӕлгӕ нӕй».


Дыргъдоны астӕу цы бӕлас зайы, ӕрмӕст нын уымӕй загъта Хуыцау, йӕ дыргътӕй йын ма бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр сӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут, зӕгъгӕ».


Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!»


уый та-иу мӕ афӕлывта, иу-дӕс хатты мын аивта мӕ мызд дӕр. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Хуыцау нӕ бауагъта мӕнӕн фыдбылыз ракӕнын.


Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.


ацы хӕдзары мӕ скодта йе ’мсӕр. Тобӕ мын ницӕмӕй загъта — дӕуӕй фӕстӕмӕ: ды йӕ ус дӕ. Куыд хъуамӕ бакӕнон ныр ахӕм ми, куыд хъуамӕ бацӕуон тӕригъӕды Хуыцауы раз?»


Де ’взаг нывӕнды сӕрысӕфты фӕндтӕ, цыргъ сӕрдасӕнау дын мӕнгард у.


Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.


Ӕцӕгӕлон адӕмты уын фӕлидзын кӕндзынӕн уӕ цурӕй, рапарахат уын кӕндзынӕн уӕ бӕстӕ ӕмӕ уын никуы ничи байсдзӕн уӕ зӕхх, кӕд-иу ӕрвылаз ӕртӕ хатты Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕрлӕууат, уӕд.


Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.


Уӕдӕ искӕй усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уый дӕр афтӕ — куы йыл бандзӕвы, уӕд ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайы.


«Дунедарӕджы раз, исты фыдракӕнд саразгӕйӕ, тӕригъӕды чи бацӕуа: йӕ бӕрны йын кӕй бакодтой кӕнӕ йӕм бавӕрынмӕ кӕй радтой, науӕд давгӕ кӕй акодта, ахӕм истӕмӕй, нӕ федтон, зӕгъгӕ, чи ныллӕууа; искӕмӕй исты чи байса,


Ноджы ма, Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус дӕр барвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».


Сымах мӕм цӕй тыххӕй фыстат, ныр та уый фӕдыл: хорз у, нӕлгоймаг сылгоймаджы ӕмгӕрон куы не ’рцӕуа, уӕд.


Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.


Уый тыххӕй сӕ Хуыцау ныууагъта фӕлывды ӕвджид, мӕнг цы у, ууыл куыд баууӕндой.


Уымӕн ӕмӕ фыдӕхы сусӕг тыхтӕ скуыстой ныридӕгӕн, фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ, йӕ фӕндаг ын чи ӕхгӕны, уый ацӕуа.


Дунедарӕг дӕ абон бахызта, ме ’лдар, туг ныккалыны тӕригъӕдӕй, дӕ маст дӕхи къухӕй райсынӕй. Ме ’лдар, сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, Навалы хал ахӕрдзысты де знӕгтӕ, ме ’лдары ныхмӕ фыдвӕндтӕ аразджытӕ.


Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, дӕуӕн мӕ фыдбылыз ракӕнынӕй Чи бахызта, Уымӕй: ды ӕвӕстиатӕй мӕ размӕ куынӕ рацыдаис, уӕд райсоммӕ Навалы адӕмӕй иу лӕг дӕр удӕгасӕй нал ныууагътаин».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan