Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Райдиан 20:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уым йӕ ус Саррӕйы хуыдта йӕ хо. Герары паддзах Авимелех арвыста Саррӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта йӕхимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Уым йӕ ус Саррӕйы хуыдта йӕ хо. Герары паддзах Авимелех арвыста Саррӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнын кодта йӕхимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Райдиан 20:2
17 Iomraidhean Croise  

Фараоны барджынтӕ йӕ куы фӕфиппайдтой, уӕд дзы фараонӕн раппӕлыдысты, стӕй йын ӕй йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой.


Ӕцӕгӕй та мын хо дӕр ӕййафы: фыдӕй иу стӕм, мадӕй та — хицӕн, ӕмӕ сси мӕ ус.


Уыцы заман Авимелех йе ’фсады хицау Пихолимӕ бацыд Аврааммӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’ппӕт хъуыддӕгты дыл Хуыцау ауды.


Ханааны зӕххыл та скодта ӕххормаг рӕстӕг, уый размӕ Авраамы заманы куыд уыди, афтӕ, ӕмӕ Исаак араст ис Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ.


Авимелех Исаакӕн загъта: «Ацу нӕ цурӕй, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар стыхджындӕр дӕ махӕй».


Бынӕттон цӕрджытӕ Исаакы йӕ ус Ревеккӕйӕ куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Уый мӕ хо у». «Мӕ ус у» зӕгъын нӕ бауӕндыди, рӕсугъд у, ӕмӕ мӕ амардзысты, зӕгъгӕ.


Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


Уый тыххӕй марешайаг Елиезер, Додавайы фырт, Иосафаты ныхмӕ рагуацы хуызы загъта: «Ахазиаимӕ ӕмдзӕхдон кӕй сдӕ, уый тыххӕй дын Дунедарӕг дӕ хъуыддаг фехалдзӕн». Ӕмӕ Иосафаты наутӕ Таршишмӕ нал ацыдысты — ныппырх сты.


Езекиайы зӕххыл цы диссаджы хабар ӕрцыд, уый бӕлвырддӕр базоныны тыххӕй йӕм Вавилоны ӕлдӕрттӕ минӕвӕрттӕ барвыстой. Ӕмӕ йӕ уӕд Дунедарӕг ныууагъта, цӕмӕй йӕ бафӕлвара ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы ахаст раргом кӕна.


уымӕн ӕмӕ рӕстуд авд хатты куы ’рхауа, уӕд дӕр сыстдзӕнис, ӕнӕхуыцӕуттӕ та фыдбылызӕй фесӕфдзысты.


Адӕмы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн уый — йӕ ахсӕн хыз, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый — ӕдас.


Уӕдӕ искӕй усимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уый дӕр афтӕ — куы йыл бандзӕвы, уӕд ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайы.


Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл.


Уӕдӕ мӕнг ныхӕстӕ мауал кӕнут — алчидӕр йӕ хионӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах стӕм иу буары уӕнгтӕ.


Кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ ма дзурут, уымӕн ӕмӕ сымах фервӕзтыстут уӕ зӕронд ӕрдзыхъӕдӕй йӕ хъуыддӕгтимӕ


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan